7


  • Учителю
  • «Афæдзы афонтæ. Нывгæнджытæ». Мивдисæг 5 –æм кълас

«Афæдзы афонтæ. Нывгæнджытæ». Мивдисæг 5 –æм кълас

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала










Гом урочы темæ:


«Афæдзы афонтæ. Нывгæнджытæ». (Мивдисæг)

5 -æм кълас





Ахуыргæнæг Дарчиты А.В.

Темæ: «Афæдзы афонтæ. Нывгæнджытæ». (Мивдисæг)


Урочы нысан: а) Рацыд æрмæг рафæлхат кæнын.

æ) Ныхасы рæзтыл куыст.

б) Ахуырдзаутæн ирон аив дзырд уарзын кæнын.


Цæстуынгæ æрмæг: слайдтæ текстмæ, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ, нывтæ.

Урочы эпигрæф: Дада цыппар фæндаджы астæу бады.

Иу фæндаг сау у, иннæ - урс,

Æартыккаг - цъæх, цыппæрæм - бур.


Урочы цыд.

I . Бацæттæгæнæн рæстæг.

- Уæ бон хорз сывæллæттæ.

- Æгас цу.

- Сывæллæттæ абон къласы радгæс чи у?

- Къуырийы бонтæй абон цы бон у?

- Абон у джеоргуыбайы мæйы дыууынæм бон.

- Уæ бон цы у зæгъын боныхъæды тыххæй?

- Æддейы у уазал, асæст, æрдз у æнкъард, мæргъты зард нæ хъуысы.

- Мæргъты зард цæуылнæ хъуысы?

- Уый тыххæй æмæ атахтысты хъарм бæстæм.

-Тынг хорз, раст дзуапп раттат.

II . Эпигрæфæн райстон ахæм уыци - уыци:

Дада цыппар фæндаджы астæу бады.

Иу фæндаг сау у, иннæ - урс,

Æартыккаг - цъæх, цыппæрæм - бур.

( Афæдз æмæ афæдзы афонтæ).

- Сывæллæттæ афæдзы цал афоны ис?

- Цыппар: зымæг, уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг.


III. Фонетикон зарядкæ.

Азгъæлди хъæдæн йæ сыфтæр,

Хур дæр æй нал тавы фаг.

Æмæ дзы бон дæр, изæр дæр

Нал хъуысы мæргъты тъæлланг.

- Ахуыргæнæг кæсы, сывæллæттæ лæмбынæг хъусынц.

- Ссарут дзырдтæ кавказаг мыртимæ.

- Касынц дзырдтæ: азгъæлди, хъуысы, тъæлланг (гъ, хъ, тъ).

- Иу дзырдимæ æрхъуыды кæнут дзырдбаст.


IV. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

- Сывæллæттæ хæдзармæ уын цы лæвæрд уыди?

1.Бакæсын текст «Нывгæнджытæ» ама уырыссæг æвзагмæ ратæлмац канын.

2.Сахуыр кæнын æмдзæвгæ дæ уарзон афæдзы афоны тыххæй.

- Тынг хорз.

- Уæдæ мах ныртæккæ бакæндзыстæм афтæ. Нæ текст у æртæ хайæ арæзт. Æз сымах адих кандзынæн æртæ къордыл, цæмæй къаддæр рæстæг бахардз кæнæм, уый тыххæй. Алы къордæн дæр лæвæрд цæуы карточкæ ахæм хæслæвæрдимæ.Хъуыдыйæдтæ равæрут кæрæдзи фæдыл, сæ хъуыдымæ гæсгæ. Алы къорд дар дæтты йæ текстæн саргонд.(Текст ныллыгтæ кодтон æмæ дæттын сывæллæттæн афтæмæй).

- Цалынмæ сывæллæттæ цаттæ кæнынц, уæдмæ хъазы ирон цагъд.

- Цæттæ стут дзуапп дæттынмæ.

1 къорд кусынц

- Цавæр сæргонд раттат уæ текстæн? (Гуыппырсар æфсымæртæ).

- Чи цæры а дунейыл?

- Цы ми кусын уарзынц æфсымартæ?

- Цæуыл канынц уыдон сæ нывтæ?

- Чи рацыдис райсом раджы цæхæрадонмæ?

- Бон - изæрмæ цы ми кодта Уалдзæджыхъо?

- Чи ссардзæн æмæ бакæсдзæн тексты Сæрдахъызы монолог.

- Цы на фæцыдис йæ зæрдæмæ йе фсымæры нывты?

- Тынг хорз сывæллæттæ, зæрдæмæдзæугæ дзуаппытæ раттат. Стыр бузныг.

2 къорд кусынц

- Цавæр сæргонд раттат сымах та уæ текстæн? (Сызгъæрин фæззæг).

- Фæззæбег цы ми кодта?

- Æртыккаг æфсымæры зæрдæмæ нывтæ цæуылнæ фæцыдысты?

- Фæззæбег нывтæн цы ми акодта?

- Цавæр ахорæнтæй сахуырста йæ ныв Фæззæбег?

- Йæхицæй куыд æппæлыдис æртыккаг æфсымæр?

- Нывгонд куы фæцис, уæд кæмæн балæвар кодта йæ ныв?

- Стыр бузныг хорз бакуыстат, мæ къонатæ.


3 къорд кусынц

- Цавæр сæргонд раттат сымах та уæ текстæн? (Хъызт зымæг).

- Зымæхан йе фсымæры нывыл бацин кодта, куыд зæгъут?

- Йæ лæварæн цы акуыста?

- Хæдзары рудзынгæй куы бакаст,уæд цы федта?

- Зымæхан цæмæ бахæлæг кодта?

- Тызмæг æфсымæр хур цæуылнæ уарзта?

- Хур Зымæханæн цы ми бакодта?

-Тынг хорз сывæллаттæ хорз бакуыстат сымах дæр.

3. Тексты мидисыл куыст.

1)Ахуыргæнæг хъуыдыйæдтæ дзуры уырыссагау, сывæллæттæ сæ тексты агурынц æмæ сæ кæсынц.

- На свете живут четыре могучих брата.

- Как - то ранним утром младший из братьев,Уалдзаджико вышел в огород.

- Фаззабег начал переделывать рисунки по-своему.

- Покрасил листья в желтый цвет и высушил их.

- Что увидел Зымахан, когда посмотрел в окно?

- Зымахану очень сильно понравились работы девочки.


2) Ахуыргæнæг хъуыдыйæдæн йæ райдайæн кæсы, сывæллæттæ кæронмæ хъуамæ ахæццæ кæнной.

- Бирæ фæкаст Фæззæбег----------------.

- Бауагъта йæм йæ зæрдæйы уазалдзинад,------------------------.

-Тынг мæстыгар уыдис æфсымæрты -----------------------------------.


4. Дарддæр уæ тетрæдтæ бакæнут ныффыссут абоны нымæц æмæ къласы куыст.

1) Алы къорд дæр рафыссæт йа текстæй дзырдтæ архайд чи æвдисы, уыдон.

-Сывæллæттæ кæсынц цæггай сæ дзырдтæ.

2)Цавæр ныхасы хай æвдисы предметы архайд? (Мивдисæг).

3)Цал афоны ис мивдисæгæн? (Нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг афон).

4)Интерактивон фæйнæгыл фыст хъуыдыйадтæ.

- Цухгонд бынæттæ баххæст кæнын хъæугæ дзырдтæй.

а) Мах нæ къласы разамонæг ---- паркмæ.(акодта)

æ)Хетæгкаты Къоста ----- бирæ æмдзæвгæтæ.(ныффыста)

б) Тагъд ------ ног аз.(ралæудзæн)

в) Æз тынг бирæ -------- ног аз.(уарзын)


5. Хъазт «Зымæджы кæлæнтæ алы ран æмбæхст».

- Интерактивон фæйнæгыл дзырдбыд.

- Сывæллæттæ хъуамæ ссарой æмбæхст дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ.


V. Урочы хатдзæгтæ.

- Абон иууылдæр тынг хорз бакуыстат, стыр бузныг .


VI. Хæдзармæ куыст.

- Аргъау хи ныхæстæй дзурынмæ.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.


4




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал