7


  • Учителю
  • Урок по литературе ' «Лӕг хъуамӕ лӕджы ном хӕсса». '

Урок по литературе ' «Лӕг хъуамӕ лӕджы ном хӕсса». '

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Темӕ: Мамсыраты Дӕбе «Хъӕндил».

Эпиграф: «Лӕг хъуамӕ лӕджы ном хӕсса».

Урочы нысантӕ:

1. Радзырды мидисыл ӕрдзурын.

2. Хъӕндилы фӕлгонц раргом кӕнын.

3. Рӕзын кӕнын скъоладзаутӕм уарзондзинад фӕллой кӕнынмӕ.

Мотиваци

«Ном»

Ахӕм ӕгъдау уыд кӕддӕр ирӕттӕм:

Ноггуырдыл- иу ныкуы ̓ вӕрдтой ном.

Хистӕртӕ дзырдтой сӕ сывӕллӕттӕм:

«Чыз, цы фӕдӕ?! Лӕппу, мемӕ цом».

Стӕй-иу ыл куы рацыд иу- дӕс азы,

Радтой-иу ын ном ӕрмӕст гъе уӕд.

Номӕн афтӕ стыр аргъ кодтой раджы.

Уый хъахъхъӕнын уыд лӕгӕн йӕ мӕт.

Уыцы ̓ гъдауӕн раджы асаст йӕ асин.

Саби райсы авдӕнмӕ ныр ном.

Фӕлӕ афтӕ мачи зӕгъӕд мачи:

«Ном хӕссын ныртӕккӕ у ӕнцон».

-Зӕгъут-ма, цӕуыл фыст у ӕмдзӕвгӕ?

-Цы у йӕ хъуыды?

-Цы хъуамӕ хъахъхъӕна адӕймаг цӕргӕбонты?

-Ныры дуджы адӕймаджы ӕндӕрхуызӕн нӕ фӕхонынц?

-Куыд уӕм кӕсы, хорз лӕгӕн фӕсномыг раттиккой?

-Цавӕр ӕууӕлтӕм гӕсгӕ дӕттынц фӕсномыг?

Фӕйнӕгыл:

«Хъӕндилы цард кӕны».

«Хъӕндилы лӕст кӕны».

«Мӕлдзгуыты обау-хъӕндилӕн мӕсыг».

-Цы у хъӕндил?

-Цавӕр миниуджытӕ ис хъӕндилмӕ?

-Куыд ӕмбарут ацы ӕмбисӕндтӕ?

Дзырдуатон- фразеологион куыст:

Авдӕнбӕттӕн - ирон ӕгъдау: сывӕллон- иу куы райгуырд хӕхбӕсты, уӕд ӕй бастой авдӕны. Ӕрӕмбырд -иу сты сыхы сылгоймӕгтӕ, ӕрцӕттӕ-иу ын кодтой авдӕн ӕд бӕттӕнтӕ ӕмӕ ног хуыссӕнтӕ.Цынадтой- иу сывӕллоны. Хуыцаумӕ - иу ын скуывтой ӕмӕ-иу ӕй авдӕны бабастой.

Номӕвӕрд - сывӕллоныл ном ӕвӕрыны сӕрмагонд бӕрӕгбон. Номӕвӕрӕнтӕ кодтой чызгӕн дӕр, фӕлӕ лӕппуйӕн арӕхдӕр. Иу хуыцаубоны- иу хӕдзары хицау фӕдзырдта сыхы лӕгтӕм, ном ӕвӕрӕм нӕ сывӕллоныл ӕмӕ нӕмфӕзынут, зӕгъгӕ. Ӕрӕмбырд -иу сты сыхы нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ. Хӕдзар кодта кусарт, цаттӕ- иу кодта цы хъӕуы, уыдон. Ӕрбадтысты- иу фынджы уӕлхъус нӕлгоймӕгтӕ, дыууӕ рӕгъы-иу фӕкодтой, стӕй- иу уӕд фӕдзырдтой кӕстӕрмӕ. Кӕстӕрӕн-иу бабар кодтой худ райсын ӕмӕ хӕлттӕ ӕмбырд кӕнын.Уыцы кӕстӕр-иу разылд бадты нӕлгоймӕгтыл, алчидӕр ын-иу загъта йӕ равзӕрст ном, гӕххӕттыл-иу ӕй ныффыста ӕмӕ йӕ ӕппӕрста худы хуылфы.Стӕй сӕ лӕппу иугай иста ӕмӕ сӕ хъӕрӕй каст. Мад, фыд, хӕдзары хистӕр цы ном равзӕрстой, уый- иу баззад. Нуазӕн-иу авӕрдтой номӕвӕрӕгмӕ, арфӕ- иу ын ракодтой ноггуырды цӕрӕнбоны тыххӕй. Номӕвӕрӕг алы аз дӕр сывӕллонӕн хаста хуын: хӕдойнаг, цъындатӕ, мидӕггаг дзаумӕттӕ ӕмӕ ӕнд.(Дзанайты Н.)

Хӕдзары астӕуккаг цӕджындз - афтӕ хуыдтой ирон адӕммӕ хӕдзардарӕг нӕлгоймаджы. Ирон хӕдзар аразджытӕ ӕнтыстджынӕй пайда кодтой хъайван ӕмӕ цӕджындзӕй. Уыдон уыдысты хӕдзары уӕзхӕссӕг хай, уымӕ гӕсгӕ афтӕ хуыдтой бинонты нӕлгоймаг цоты дӕр.

Рыныбардуаг- раздӕр-иу Ирыстоны арӕх чи фӕзынд ӕмӕ ахӕлиу , уыцы рынты бардуаг ирон мифологийы.

-Цавӕр нывӕй райдайы радзырд?

- Цӕуыл загъд кӕны ус?

-Цавӕр нӕмттӕ равзӕрстой номӕвӕрджытӕ?

-Чи сты уыцы номхӕсджытӕ?

-Бердиаты Черменыл Хъӕндил ном цӕмӕн баззад?

-Цӕмӕй фӕрынчын сты Хъӕндилы мад ӕмӕ фыд?

-Куыд цардис Хъӕндил , йӕ ныййарджытӕ куы амардысты, уӕд?

-Цӕмӕн ӕрцахстой Хъӕндилы кадеттӕ?

-Цӕмӕй тарст Хъӕндил йӕ царды ӕппӕты тынгдӕр?

-Цӕуыл ӕмӕ куыд фӕцис йӕ цард Хъӕндилӕн?

Хъӕндилы фӕлгонц.

1)Ӕрфыссын Хъӕндилы ӕддаг бакаст.( У ацӕргӕ лӕг, йӕ уӕлӕ фӕсмын зӕнгӕйттӕ, хӕргӕ-хӕрын йӕ хъуынджын фындзы сым-сым ссӕуы, йӕ даргъ рихитӕ адауы, йӕ худ йӕ сӕрӕй нӕ исы фынджы раз бадгӕйӕ дӕр.)

2)Цавӕр хъуыдытӕ уӕм сӕвзӕрд, радзырды фыццаг рӕнхъытӕ кӕсгӕйӕ?

(Адӕймаг уӕздан у ӕви нӕ, уый йӕ хӕрды уагӕй дӕр бӕрӕг у. У зивӕггӕнаг ( йӕ рихитӕ дауынмӕ дӕр зивӕг кӕны, « йе ̓ взагӕй сӕ дзыхмӕ басӕрфы ӕмӕ сӕ адджын стӕрд акӕны»), ӕнӕгъдау ( йӕ хӕринагӕйдзаг къухтӕ йӕ зӕнгӕйттыл асӕрфы).

3)Бердаты бинонтӕн лӕппу куы райгуырд, уӕд ын цавӕр ном агуырдтой?

(Алы ныййарӕджы дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ хъӕбулӕй рауайа зындгонд ӕмӕ номдзыд адӕймаг. Афтӕ «мад ӕмӕ фыд агуырдтой исты стыр ном, зонд дӕр кӕм уыдаид, хъӕбатырдзинад дӕр, ныфс дӕр ӕмӕ кад дӕр, ахӕм ном».)

4) Кӕй аххос уыд, Бердаты Черменӕй Хъӕндил кӕй рауад,уый?

(Йӕ ныййарджыты: никуы йӕ рауагътой йе ̓ мгӕрттимӕ нӕ хъазынмӕ,нӕ хъӕдмӕ гагадыргъ тонынмӕ, нӕ найынмӕ доны былмӕ.Лӕппуйы тӕрсын кодтой кӕм бирӕгъӕй, кӕм бӕласӕй кӕй рахаудзӕн, куы та йӕ ,мыййаг, дон куы аласа, уымӕй.Ӕппындӕр ӕй ницӕуыл сахуыр кодтой, ӕмӕ дзы рауад тӕппуд, магуса, лӕвархор.)

5) Куыд бафыста Хъӕндил йӕ мад ӕмӕ фыды тухӕнтӕ?

(Хъӕндил сыл йӕхи нӕ мардта , нӕ сыл куыдта, куы фӕрынчын уон ,зӕгъгӕ.

«дунейы цӕрджытӕ ӕхсӕн ӕз нал уыдзынӕн».)

6) Хъӕндил йӕ царды исты нысан уыд?

(Хъӕндил цард ӕнӕмӕтӕй: йӕ ус- кусгӕ, лӕг- хӕргӕ. Ӕрмӕст- иу ын стыр мӕт бахордта йӕ зӕрдӕ: куыд аирвӕза мӕлӕтӕй.)

7)Хъӕндил йӕхи хоны хӕдзары астӕуккаг цӕджындз. Ӕцӕг афтӕ у?

(Сӕ хӕдзары « астӕуккаг цӕджындз» схонӕн ис йӕ усы: хӕдзардарӕг, кусаг)

8) Кӕм рабӕрӕг Хъӕндилы тӕппуддзинад?

(Мидхӕсты рӕстӕг уӕрммӕ ныттылдис ӕмӕ уым тӕрсгӕ- ризгӕйӕ фӕбадтис.)

9) Куыд фӕци йӕ цард Хъӕндил?

(Фыр тӕссӕй ӕрбамард.)

10) Цӕмӕн зӕгъы фыссӕг «Цымӕ хъӕндилы мардыл цӕмӕн афӕлурс уыдаид?)

(Зӕгъынмӕ хъавыд Хъӕндил хъӕндилы цард кӕй фӕкодта ӕмӕ йӕ мӕлӕт дӕр уыд хъӕндилау.)

11)Цавӕр ӕмбисӕндтӕ ис ӕрхӕссӕн Хъӕндилы фӕлгонцмӕ?

«Схъӕластӕу куыстмӕ нӕ тасы».

«Фӕныкгуызы ничи нымайы».

«Йӕ зивӕджы - йӕ мӕлӕт».

Магусайӕ цард дардмӕ лидзы».

Æрдзурын радзырды композицион арæзтыл.

Хæдзармæ куыст: иу æмбисонды бындурыл ныффыссын нывæцæн.




 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал