7


  • Учителю
  • «Афæдзы афонтæ. Фæззæг». Номдар 8-æм кълас

«Афæдзы афонтæ. Фæззæг». Номдар 8-æм кълас

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала





















Гом урочы темæ:



«Афæдзы афонтæ. Фæззæг». Номдар



8 -æм кълас

































































Темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг».

Грамматикон темæ: Номдар.



Урочы нысан: 1. Рацыд æрмæг рафæлхат кæнын.

2. Ног лексикон-грамматикон æрмæгыл бакусын.

3. Ныхасы рæзтыл куыст.

4. Скъоладзауты разæнгард кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.

Урочы фæлгонц: скъоладзауты конд нывтæ афæдзы афонтыл,

слайдтæ текстмæ, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ.

Урочы эпигрæф: Фæззæджы бæркад - афæдз хæссы





Урочы цыд.

I . Бацæттæгæнæн рæстæг.

- Уæ бон хорз сывæллæттæ.

- Æгас цу.

- Сывæллæттæ абон нæ урокмæ нæм æрбацыдысты зынаргъ уазджытæ æмæ сын салам раттут.

- Уæдæ ма нын зæгъут, абон цы бон у.(Абон у кæфты мæйы 17-æм бон. ) Къуырийы бонтæй та у Къуырисæр.

II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

- Хæдзармæ куыст та уын цы уыди?

- (Хæдзармæ куыст та нын уыди нывтæ скæнын афæдзы афонтыл).

III. - Урочы эпиграфæн райстон ахæм рæнхъытæ: «Фæззæджы бæркад - афæдз хæссы».

Фæстæдæр ма æрлæудзыстам лæмбынæгдæр ацы рæнхъытыл.

IV. Фонетикон зарядкæ.

Фæйнæгыл фыст æмдзæвгæ:

- Фæйнæг мæ ма æрбакæсут, æмæ ацы æмдзæвгæйы ссарут дзырдтæ кавказаг мыртимæ. Бакæсут дзырдтæ. Цавæр кавказаг мыртæ ис ацы дзырдты? (хъ, гъ, дж.)



Фæззæг у бæркадджын,

Фæззæг у рæсугъд,

Халсартæ`мæ дыргътæй

Фæззæг у хъæздыг!

- Дзырдтæй сæ иуимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад.



-Уæдæ ма акæсут рудзынгæй æмæ уæм цавæр æнкъарæнтæ фæзынд. ( уазал, сыфтæр æрæзгъæлди, æрдз тызмæгдæр фæци, адæм сæ уæлæ скодтой хъарм дзаумæттæ. Хур афтæ тынг нал хъарм кæны.)

-Абон цæмæй нæ урочы тæмæ базонæм уый тыххæй та райхалын хъæуы нæ дзырдбыд.

а

ф

æ

дз





к

æ

р

д

æ

г





з

æ

х

х





з

æ

р

в

а

т

ы

к

к



къ

æ

в

д

а



д

ы

м

г

æ































  1. Иу лæгæн 12 фырты. (Афæдз).

  2. Сæрд хæрдмæ рæзы, зымæг та бынмæ ( Кæрдæг).

3. Мæн фæлдахынц, хойынц,

Фæлæ æз быхсын,

Æмæ йæ дзæбæхæй фидын. (Зæхх)

4. Нæ йæм фæрæт æмæ хырх вæййы,

Нæ дзæбуг æмæ аркъау,

Афтæмæй уæладзыг хæдзæрттæ аразы. ( Зæрватыкк)

5. Арвæн йæ цæстытæ,зæххæн йæ сой (Къæвда)

6. Сырд нæу, фæлæ ниуы. (Дымгæ)





-Мæхæдæг кæсын иухат ма дзырдтæ.

- чи бакæсдзæн цавæр дзырд рауад сырх цæджындзы , дамгъæтæ куы баххæст кодтам, уæд.

-Заур (фæззæг)

-Æрбакæсут ма дзырдбыдмæ æмæ зæгъут цавæр ныхасы хаймæ хауынц ацы дзырдтæ.

-Ацы дзырдтæ сты Номдартæ.

-Уæдæ абон нæ урочы темæ цавæр у?

-Нæ урочы темæ абон у Фæззæг. Номдар.

V. Ног æрмæг

Ныр та уал уæ дзырдуæттæ байгом кæнут æмæ ныффыссæм ног дзырдтæ. Текстыл кæсгæ йæ ныл æмбæлдзысты , æмæ сæ зæрдыл бадарут.

1)Дзырдуатон куыст бакæнын.

Æвзист - Серебро

Мигъ - Туча

Кæмттæ-ущелье

- Иухатт ма сæ хъæрæй бакæсæм. Æрхъуыды ма кæнут дзырдбæстытæ ацы дзырдтимæ. (æвзист къухдарæн, сау мигъ, Ирыстоны кæмттæ) Ратæлмац ма кæн ацы дзырдбæстытæ.

- Ныр та ма байхъусæм текстмæ.

1) Ахуыргæнæг кæсы текст

2) Сывæллæттæ кæсынц текст.(2Чел)

3) Тексты мидисыл бакусын:

а) Куыд у тексты сæргонд?(Тексты сæргонд у Æрæгвæззæг Ирыстоны)

æ) Цæмæй рæсугъд æрæгвæззæг Ирыстоны? (Ирыстон фæззæджы вæййы тынг рæсугъд , бæстæ бур-бурид адары, сыфтæ хауын райдайынц бæлæстæй, цъиутæ хъарм бæстæтæм атæхынц)

б) Кæм цæуы архайд? (Тексты архайд цæуы хъæуы)

в) Кæмæ худтис хур йæ мидбылты? Ссарут ма уыцы рæнхъытæ тексты?(Хур арвы кæрон хæхтæм йæ мидбылты худтис).



- Бакæнут уæ тетрæдтæ æмæ ныффыссут абоны нымæц, къласы куыст.



  1. Ныртæккæ та акусдзыстæм къордтæй .Фыццаг къорд рафысдзыдзысты иууон нымæцы номдартæ иннæ къордта та бирæон нымæцы номдартæ

хур сæртæ

зымæг кæмттæ

мигъ хæхтæ

къæдзæх

Фæйнæгыл фыст дзырдтæ дыууæ цæджындзæй. Дзырдтæ баиу кæнут стрелкæтæй æмæ уæм рауайдзæн дзырдбæстытæ.(интерактивон фæйнæгыл).



Хъарм бон

Сæрибар дуг

Урс къæдзæх

Сау мигъ

-Цалынмæ мах дзырдбæстытæ аразæм уæдмæ Георг æмæ Ангелина бакусдзысты карточкæтимæ.

1)Карточки . Дзырдтай саразын хъуыдыйæдтæ.

1. Адæм, кæнынц, халсартæ, æмбырд.(1,4,2,3)

2. Фæззæг, у, царды, къæбиц.(1,3,4,2)

3.Фæззæджы, арæх, фæуары, къæвда. (1,2,3,4)







2)Карточки Перевести слова на осетинский язык (дождь- къæвда, облоко- мигъ, листья-сыфтæ, погода-боныхъæд, ветер-дымгæ)





- Уæдæ ма мæнæ æрбакæсут нæ эпигрæфмæ æмæ зæгъут

1) Уæдæ цæмæн фæзæгъынц фæззæджы бæркад - афæдз хæссы.

- Уымæн æмæ адæм фæззæджы сæ фæллой сæмбæрд кæнынц, æмæ æнæхъæн зымæг цæницæй мæт фæййы.

VI. Урочы хатдзæгтæ (рефлексии)

-Абон нæ урочы цæуыл дзырдтам?

- Цы бахъуыды кодтат урокæй?





VII. Кæронбæттæн (бæрæггæнæнтæ сæвæрын).





VIII. Хæдзармæ куыст:

Ныффыссын нывæцæн. «ФÆЗЗÆГ» Æртæккæ уын райуардзынæн сыфтæ æмæ сымах та кæронмæ ахæццæ кæндзыстут.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал