7


  • Учителю
  • Объяснение к тематическому плану по осетинской литературе (6 класс)

Объяснение к тематическому плану по осетинской литературе (6 класс)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала





Ирон литературæ, 6-æм къласы кусан программа.







Программæ арæзт у Республикæ Цæгат Ирыстон - Аланийы иумæйаг æмæ профессионалон ахуырады Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæйы бындурыл.

Адæмы монон царды кæддæриддæр стыр ахадындзинад уыдис фольклор æмæ аив литературæйæн. Уыдоны нывæфтыд æрцыд сæ цард, сæ историйы ахсджиагдæр цаутæ, сæ зонадон фæлтæрддзинад. Уыдоны ис зонды суадон, ныхасы фидауц æмæ бæрзонд идейæтæ. Дзырдаивадæн йæ нысаниуæг фæуæлдæр ис нæ рæстæджы. Уый рæзгæ фæлтæры хъомыл кæны гуманизм æмæ граждайнаг идеалтыл, (фидар кæны адæмы удварн, уымæй рæзынц монон æмæ культурон традицитæ. Уымæ гæсгæ скъолайы куысты ахъаззагдæр у литературæ ахуыр кæнын.





Программæйы хаста ама нысан.

Ирон литературæ ахуыр кæныны сæйрагдæр нысантæ сты: зонындзинæдтæ райсын ирон литературæйæ аивадон тексты бындурыл; литературон уацмыс анализ кæныны зонындзинæдтæ арфдæр кæнын; аивадон уацмыстæ кæсыны культурæ рæзын кæнын. Уыимæ стыр нысаниуæг ис аивадон литературæйы фæрцы удварны хъомылады фарстатыл кусын, абоны рæстæгæн аргъ кæнын зонын; æгъдау, кад, намыс, патриотизм æмæ граждайнаг хæстæ цы сты, уый зонын; гуманон дунембарынад æмæ национ химбарынадæй хайджын кæнын; литературон уацмысы эстетикон æнкъарæнтæ æмбарын; ирон адæмы национ культурæйы сæйраг миниуджытæ литературон тексты агурын. Ацы бæрнон куысты ахуыргæнæгæн йæ къухы ис ахсджиаг хотых - бæстæзонæн æрмæг. «Художественные произведения, синтезируя в себе нравственный опыт народа, раскрывают важнейшую из проблем - проблему нравственных ценностей общества» (И.Я. Кленицкая).

Ирон адæммæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ цы удварны хæзнатæ сæмбырд, уыдон аив æвдыст æрцыдысты нæ литературæйы. Ахуыргæнæг, литературон уацмысыл кусгæйæ арæхстджынæй куы пайда кæна бæстæзонæн æрмæгæй, уæд скъоладзаутæ хъомыл кæндзысты нæ фыдæлты фарн æмæ намыс, ирон адæмы удыхъæд, æгъдæуттæ, истори, культурæ, аивад хуыздæр зонын, уарзын æмæ йын аргъ кæныныл: уыимæ литературон уацмысы мидис бæстондæр æмæ арфдæр иртасын æмæ æмбарыныл.

Ирон адæмон сфæлдыстад у адæмы монон культурæйы ахъаззаг хай. Уый у нæ адæмы «зонд æмæ зæрдæйы рухсæй нывæст». Фольклоры сыгъдæгæй зынынц царды нывæфтыд истори, фæлтæрты сагъæстæ æмæ бæллицтæ. Нæ фыдæлтæм нæ уыд фысгæ истори, фæлæ нын адæмон сфæлдыстад у ахсджиаг историон æрмæг, уый фæрцы базонæм ивгъуыд заманты цард. Фольклоры æппæт жанртæ дæр æвдисынц адæмы цард, сæ зонд, сæ хъуыдытæ, сæ цæстæнгас цардмæ, æрдзы фæзындтæм. Уымæ гæсгæ йын ис стыр зонынадон, хъомыладон æмæ эстетикон ахадындзинад.

Ахуырадон программæйы нысантæ æмæ хæстæ:

- адæмон сфæлдыстады æппæт хуызтæ, йæ сæйраг жанртæ æмæ сæ миниуджытæ алывæрсыгæй равдисын;

- фольклор æмæ аив литературæйы хицæндзинад бамбарын кæнын;

- æппæт жанрты текстты бындурыл зонындзинæдтæ райсын;

- адæмон сфæлдыстады зонадон идейон-эстетикон мидис раргом кæнын;

- йæ нывæфтыд æвзаг æмæ аивгæнæн мадзæлттæ раиртасын;

- историон-хъайтарон традициты фæрцы æрыгон фæлтæрмæ хæццæ кæнын патриотизм æмæ гуманон æнкъарæнтæ, идейæтæ, нæртон дуджы идеалтæ.





1.2. Сæйраг домæнтæ скъоладзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæм

Скъоладзаутæ хъуамæ зоной:

- адæмон сфæлдыстады сæрмагонд æууæлтæ, миди сæмæ хицæн миниуджытæ;

- фольклоры сæйраг хуызтæ æмæ жанртæ;

- йæ историон-мифологон бындур;

- сæйраг архайджыты удыхъæды типикон æмæ æппæтадæймагон нысаниуæг;

- адæмон сфæлдыстады нывæфтыд æвзаг, йæ аивгæнæн мадзæлттæ;

Скъоладзаутæ хъуамæ арæхсой:

- фольклоры жанрты тексттæ арф бамбарын æмæ банкъарын;

- мифтæ æмæ истори кæрæдзийæ хицæн кæнын;

- архайджытæн характеристикæ дæттын, кæрæдзийыл абарын;

- адæймаджы удварны хъомылады йын йæ нысаниуæг æмбарын;

- кæсыны æмæ ныхасы культурæ бæрзонддæр кæнын;

- адæмон сфæлдыстады æндæвдад литературæйы, музыкæйы, нывкæнынады иртасын.

1.Ахуырады удгоймаг хъомыл кæныны фæстиуджытæ сты:

-Уæрæсейæн аккаг хъæбул (гражданин) хъомыл кæнын;

- патриотон хъомылад (райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын), - Фыдыбæстæйæ сæрыстыр уæвыны хъуыдытæ хъомыл кæнын;

- зонын хи адæмы истори, культурæ, мадæлон æвзаг, уыимæ зонын Уæрæсейы адæмты культурæ дæр;

- ахуырмæ бæрнон цæстæнгас дарын æмæ хæдахуыр курдиат рæзын кæныныл архайын;

- амонын æхсæнады æгъдау, хи дарыны уагæвæрд;

- архайын скъолайы хæдуынаффæйы куысты æмæ æхсæнады царды дæр.

2. Ахуырады метапредметон фæстиуджытæ (УУД):

- хъомыл кæнын хибарæй ахуыр кæныны, ахуыры (урочы) нысантæ бæрæг кæнын æмæ химæ ног хæстæ исынмæ арæхстдзинад;

- хибарæй ахуыры эффективондæр мадзæлттæ æмæ фæрæзтæ æвзарынмæ арæхстдзинад;

- урочы архайгæйæ (дзургæйæ, фысгæйæ, алыхуызон логикон хæслæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ æмæ а.д.), хи рæдыдтытæ сраст кæнынмæ арæхсын;

- ахуыргæнæг æмæ æмбæлттимæ ахуырадон æмгуыстад кæнынмæ арæхсын; хибарæй æмæ къордты кусын зонын, хи æмæ искæй хъуыдытæ æргом кæнынмæ арæхсын;

- информацион коммуникативон технологитæй пайда кæнынмæ арæхсын.

3. Ахуырады предметон фæстиуджытæ.

- предметæй зонындзинæдтæ, арæхстдзинæдтæ райсын;

- зонындзинæдтæй ахуырты рæстæг æмæ алыхуызон ахуырадон-проектон уавæрты пайда кæнынмæ арæхсын;

- наукон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; наукон терминалоги, методтæ зонын.



ПРОГРАММÆЙЫ МИДИС

(70 сах.)

РАЗНЫХАС.

АДÆМОН ДЗУРГÆ СФÆЛДЫСТАД. Нарты кадджытæ

Дзыхæй дзургæ сфæлдыстады хуызтæ. Нарты кадджытæ. Кадæджы мидис. Нæртон дуджы идеалтæ. Ном æмæ намысы нысаниуæг. Нæ рагфыдæлты æхсæнадон царды æууæлтæ кадæджы. Ææмæ æрымысгæ хабæрттæ. Сослан æмæ Сата-найы архайд. Сослан -Нарты гуыппырсартæй иу. Йæ сæйраг æууæлтæ. Кадджыты мидис æмæ хъомыладон нысаниуæг.Зонды уæлахиз гуымиры тыхыл. Нарты кадджы-ты аивадон мадзæлттæ.

Темæ 1."Сослан æмæ Тары фырттæ",

Темæ 2."Сослан æмæ Гуымаг лæг",

Темæ 3."Сосланы мæлæт".

Аргьауы дуне. Адæмон зондахаст, хæрзæгъдау æмæ цæстæнгасы равдыст. Алæмæты аргьау. Диссаджы цаутæ æмæ архæйдтытæ, æнахуыр хуызивдтытæ. Аргъæутты темæтæ æмæ идейæтæ, сæ аив æвзаг. Аргьауы хуызтæ, сæ хигьæдон æууæлтæ. Адæмы æвидигзз фантази æмæ цæстæнгас царды ахсджиаг хъуыддæгтæм.

Темæ 1."Арвы айдæн",

Темæ 2. "Ох-ох æмæ мæгуыр лæджы фырт".

Темæ 3. "Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры",

Темæ 4. "Фæныкгуыз",

Темæ 5. "Гуыргъохъо æмæ йе 'рчъи",

Темæ 6. "Паддзах æмæ дзабырхуыйæг",

Темæ 7. "Цæхджын хойраджы аргъ".





3. Таурæгь - адæмы дзургæ истори. Йæ сæйраг хуызтæ. /Егъ-дауы таурæгьы æууæлтæ, йæ сюжет æмæ идейæ. Бузныгад, адæймагыл аудын, рæдаудзинад - адæмы намысон идеалтæ.Таурæгъты мидис æмæ хъуыды. Сæ æвзаджы аивдзинад æмæ эмоцион хъомыс. Адæмон хъайтары тох æлдæртты ныхмæ. Зонд æмæ æгъдауы тых, сæ уæлахиз фыдæхыл.





Темæ 1."Уастырджи æмæ æртæ æфсымæры".





Темæ 2."Куымæриттаты домбай Тъотъор",

Темæ 3. "Хъæдæргъæвæн",

Темæ 4."Мады зæрдæ".

Темæ 5.."Хур æмæ мæй",

4. Героикон зарджытæ

Темæ1."Чермены зарæг",Чермен - æлдæртты ныхмæ хъæбатыр

тохгæнæг, фæллойуарзаг, рæстзæрдæ адæймаг. Жлдæртты гадз-

рахат. Зарæджы историон бындур. Адæмы ахæт сæ уарзон

хъайтармæ.

Темæ2. "Антъоны зарæг". Антъоны тох хæдхæцæг паддзах æмæ æл¬дæртты ныхмæ 1905 азы революцийы рæстæджы. Зарæджы по¬этикой арæзты æууæлтæ





XIX ÆНУСЫ ЛИТЕРАТУРÆ

Темæ1.Къостайы царды хабæрттæ.

1.1."Балцы зарæг". Дзыллæйы сæрвæлтау иудзинадмæ сидт. Рухсмæ тындзын, рæстдзинад уарзын - поэты сæйраг домæн-тæ рæзгæ уды раз. Жмдзæвгæйы оптимистон уаг.

1.2."Сидзæргæс". Сидзæргæс æмæ сывæллæтты æвæрæз уавæр. Мады катай йæ цотыл. Сæ фæсайыны фæлтæрæн - фидæн сын кæй нæй, уый æвдисæн. Хъызт зымæджы нывтæ - æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды æргомгæнæг мадзæлттæй иу. Фыссæджы ахаст йæ хъайтартæм. Уацмысы бæрзонд эмоцион тых. Литературæйы теори. Пейзаж. Абарст.

1.3."Марходарæг". Басняйы мидис. Йæ бастдзинад адæмон æм-бисондимæ. Йæ нысан - адæймаджы хъæнтыл (гуыбындзæл, фидисæмхиц, дыдзæсгом, æгад митæ) худын. Басняйы æвзаг, цыргъ диалог.

1.4."Дзæбидырдзуан". Зебаты хъæу. Хæхбæсты æвадат царды нывтæ. Ирон хæдзары фæтк. Зæронд Зураппы цæстæнгас ныфс-хаст æмæ лæгдзинадмæ. Зæлинæйы поэтикой сурæт. Тедо - фæлтæрдджын цуанон. Йæ фæлгонц, йæ сæйраг æууæлтæ (ныфехаст, хиуылхæцгæ, быхеон, бинонтыл æмæ æмбæлттыл æнувыд). Хæххон æрдзы рæсугъддзинад, йæ бархъомыс адæй-«маджы царды. Кæронбæттæн нывы ирд ахорæнтæ.Литературæйы теори. Радзырд.

Темæ2. Гæдиаты Секъа.

2.1 «Фæдзæхсын». Æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды. Сагъæс адæмы фидæныл.

2.2. «Мад æмæ фырт». Мæгуыр адæмы хъизæмайраг цард.

2.3.«Зæрватыкк». Цæрæг удгоймæгты 'хсæн хæстæгдзинад хъахъхъæнын, æрдзон «кæстæр æфсымæртыл» аудын.

2.4.Секъайы баснятæ.Секъайы басняты нысан: адæймаджы хъæндзинæдтимæ цæстуар-онæй тох, хуымæтæг æмæ ахсджиаг æцæгдзинæдтæ царды фидар кæнын "Уаллон æмæ калм"

"Карк æмæ йæ хицау".

"Бурдым æмæ булæмæргъ", "Домбай æмæ къогъотæ".

"Фын". Прозæйæ фыст æмдзæвгæйы аллегорион мидис. Фыны дунейы æнахуыр хуызивдтытæ æмæ ирд ахорæнтæ.

Брытъиаты Елбыздыхъо. "Уæрæседзау".

Уацмысы мидис. Йæ конфликт: патриархалон этикæйы хуыз-дæр æууæлтæ фæсдзæуины "культурæмæ" ныхмæ æвæрдгей. Ирон лæджы фæзминаг миниуджытæ уацмысы: йе 'ддаг бакаст, адæмы 'хсæн хи дарыны фæтк, йæ царды æгъдау (куыст уарзын, хи фæллойæ цæрын, ныййарджыты буц дарын, фæрæзхъ-уагæн æххуыс кæнын, ззндæр адæмты хорздзинæдтæ нымайын, уыимæ хи нацио н цæсгом æмæ æгъдауæн аргъ кæнын). Муссæйы фæлгонц. Уацмысы æвзаг - характеристикæйы мадзал.

Кочысаты Розæ. "Гæды лæг".

Уацмысы фольклорон бындур. Йæ идейон мидис - зонды уæлахиз. Умарханы фæлгонц (амалджын, азрхъуыдыджын, хæ-ларзæрдæ лæг). Бынæттон хицæутты (пъырыстыф, фидиуæг) хиуарзондзинад, сæ гуымиры ахæт адæммæ. Дуджы социалон-цардыуагон бæрджытæ уацмысы. Мызылон æмæ Къомианы

сурæттæ. Архайды комизм, йæ æнæнхъæлæджы кæронбæттæн. Комедийы адгемон æвзаг.

Литературæйы теори. Комеди. Юмор æмæ са-тирагйы тыххæй æмбарынад фæарфдæр кæнын

Илас Æрнигон. "Зарæг".

Æмдзæвгæйы равг. Йæ автобиографион мидис. Хъысмæтæй æнæразыдзинады аххоссæгтæ. Лирикон хъайтары быцæу ныхас цардимæ (булæмæргъимæ). /Емдзæвгæйы аивадон фæрæзтæ (поэтикон сидæн, риторикон фарст, антитезæ).

"Челе". Радзырды мидис - зыд æмæ кæрæф лæджы хъыс-мæт. Уацмысы композицион арæзт. Челе - æхсæнадæй, царды цин æмæ рæсугьддзинадæй иппæрд адæймаг. Фæллойы фæйнæхуызон нысаны. Национ-цардыуагон нывты ирд æрфыст. Авторы цæстæнгас йæ персонажмæ.

"Сомы", "Тæхуды", "Сагъæс".

Иласы лирикæйы патриотизм, поэты хъынцъым, йæ райгуырæн бæстæйæ дард кæй у, уый фæдыл. Æмдзæвгæты зæрдæбын интонаци, сæ музыкалон азæлд.

Литературæйы теори. Апострофа - поэтикон ныхасы фæзилæн. Композици

6. XX ÆНУСЫ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆ

Коцойты Арсен."Цæукъа æмæ фыркъа" - сæрибарыл кады зарæг. Уацмысы символон-аллегорион мидис. Ныхмæвæрд фæлгонцтæ. Царды нысан æмæ амонды фарст. Таурæгькæнынады алы хуызтæ (лирикон æрфыст, мидмонолог, монолог) æмæ уæлмонц интонаци. Архайды динамизм.

"Цуанонтæ". Радзырды мидис. Тедо æмæ Симоны царды уавæртæ. Сæ удыхъæды æнгæсдзинад. Сæ къуындæг миддуне æмæ сæ талынг зонды социалон аххосæгтæ. Юморы фæрæзтæ "чысыл адæймаджы" темæйы ранывæсты (дыууæ зæронды хистауæн диалогтæ, сæ царды стырдæр цинтæ). Радзырды конфликт: мæгуыр, дæлдзиныг, фæлæ уæздан адæм æлдæртты гуымиры бархъомысы раз.

Гарсеваны кой æмæ йе 'цæг "сгуыхтытæ". Авторы цæстæнгас йæ персонажтæм.

Литературæйы теори. Авторы позици. Диалог. Юмор æмæ сатирæйы тыххæй æмбарынад фæхъæздыгдæр кæнын.

"Саломи". Радзырды архайды рæстæг æмæ бынат. Лидзæг адæмы уавæр. Саломийы фæлгонц - йæ фидар удыхъæд, знæг-тæм æнæуынондзинад. Уацмысы идейон мидис: худинаджы бæсты мæлæт. Радзырды сюжеты динамизм, йе 'взаджы экспресси.

Литературæйы теори. Аивадон фæлгонцы тыххæй æмбарынад. Символон фæлгонц.

Гаглойты Рутен. "Теман голладжы нæ сусæг кæны".

Дыууæ къæрныхы сурæттæ. Сæ "лæгдзинад" æмæ арæхст. Авторы ахаст сæ царды уагмæ. Фыдгæнды æгьдау æмæ йæ нысан. Сæргонды мидис æмæ уацмысы идейæ.

Гæдиаты Цомахъ.

"Æхсæрдзæн". Æмдзæвгæйы идейон мидис. Æхсæрдзæны æрдзон уынæр æвдисæг айв зæлты фæлхат.

Литературæйы теори. Аллитераци.

"Дыууæ дидинæджы". Прозæйæ фыст æмдзæвгæйы аивадон темæ. Дыууæ дидинæджы фæлгонцтæ. Сæ быцæуы рахæцæн - цардмæ фæйнæхуызон цæстæнгасы. Амонды фарст. Уацмысы сæйраг хъуыды: адæймаг рæсугъд у йæ хорз хъуыддæгтæй.

Литературæйы теори. Прозæйæ фыст æмдзæвгæ.

"Царды уæз". Бесо æмæ йæ бинонты фыдцард. Мæгуырдзинады æууæлтæ. Литературæйы теори. Фæлхатæн.

"Хæлуарæг æмæ мыдыбындз". Уацмысы аллегорион мидис.Куыстуарзон мыдыбындзы тох йæ сæрибарыл. Мæнгард æмæ тугцъир хæлуарæджы сæфт. Æрдзы гармони æмæ фидыц -рæстдзинады уæлахиз.

"Цæмæн æй уарзын æз мæ Фыдыбæстæ"? Райгуырæн зæххыл æнувыддзинад. Йæ аивдзинад - поэты уæлмонцы суадон.

Барахъты Гино. "Бæстырæсугъд". Уацмысы сюжет. Канаты Афæхъо æмæ кæсгон æлдары фырт. Фысымты фæйнæхуызон ахаст дыууæ усгурмæ. Курдиат æмæ аивады тых. Бæстырæсугъды сурæт. Уацмысы бастдзинад адæмон сфæлдыстадимæ.

"Цæмæй бафиддзæни?". Адæймаджы хæс ныййарæджы раз. Хъæбулы уарзты мидис: ныййарæг мад æмæ райгуырæн зæххæн лæггад кæнын, уыдонæн кады хъуыддæгтæй ном скæнын.

"Зыд лæг". Зыд æмæ кæрæфы хъысмæт. Царды хæзнатæн раст аргъ кæныны хъуыды.

"Зæрватыкк".

Нигер. "Уæхатæджы фырт чысыл Гуыйман". Кадæджы идейон мидис - фыдракæнды бафхæрд, рæстдзинады уæлахиз. Гуыйман æмæ Хъасболы миниуджытæ. Кадæджы конфликт. Социалон дихдзинады мотивтæ. Æрдзы нывтæ æмæ сæ нысан.

Литературæйы теори. Эпитет. Иугсендзон эпитет.

"Хойы ныстуан".

Æмдзæвгæйы темæ æмæ æмбæстагон мотивтæ. Фольклорон фæлгонцадимæ бастдзинад.

Хъуылаты Созырыхъо.

"Æртындæсæй иумæ". Радзырды темæ æмæ идейæ. Гуырдзиаг меньшевикты фыдмитæ Хуссар Ирыстоны мидхæсты азты. Æртындæс коммунары сгуыхт æмæ трагедион хъысмæт. Предметты 'хсæн бастдзинад

"Таймуразы зарæг". Кадæджы мидис. Адæмон сфæлдыстадимæ бастдзинад.

Дзесты Куыдзæг. "Хур скæсæнырдæм нæ ныгуылы". Радзырды темæ. Дзанджы монументон сурæт. Йæ характеры сæйраг æууæлтæ: æхсар æмæ намыс.. Уацмысы идейон мидис (æгады бæсты - мæлæт) æмæ аивадон фæрæзты æмиудзинад.

"Уæхæнæзы радзырд". Сюжеты цымыдисаг фæзилæнтæ. Сæйраг персонажы æнгæсдзинад адæмон аргъауы хъайтаримæ.

"Чъеури". Радзырды темæ æмæ мидис. Бимболы характеры сæйраг æууæлтæ: кусаг, зæрдæхæлар, цыргъзонд. Диалогты нысаниуæг радзырды.

Плиты Харитон. "Сæлимæт". Поэмæйы мидис. Ресы хохы романтикон пейзаж. Меньшевикты фыдракæндтæ. Лигъдæтты хъизæмар.

Литературæйы теори. Поэмæ. Кæсынæн æмæ æрныхас кæнынæн

"Æртахт зæрватыкк", "Уалдзыгон мæргътæ".Æрдзы поэтикон фæлгонц. Мæргъты æвзаджы аив зæл.

"Сычъи". Уацмысы гуманистон мидис.

"Дзыццайы арфæ". Сабибоны æхсызгон мысинаг. Дзыццайы фæлмæн рæвдыд, йæ рухс фæлгонц.

Хъамбердиаты Мысост.

"Хурмæ курдиат". Лирикон хъайтары цæттæдзинад хи "рæзгæ цард" æмæ сфæлдыстад адæмы сæрвæлтау æрхæссынмæ. Хур - сæрибар æмæ рухсы нысан.

"Хосгæрст". Куысты поэзи. Хъаруджын уæнгты фидыц. Æмдзæвгæйы музыкалондзинад æмæ цинæйдзаг экспресси.

"Хъæды". Зымæгон пейзажы хуызджын ахорæнтæ æмæ зæлфыст. Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн æххæст гармонийы сусæг æнкъарæн.

Литературæйы теори. Ритм æмæ рифмæйы тыххæй райдайæн æмбарынад фæарфдæр кæнын.

</



Мамсыраты Дæбе. "Æрдхорд".

Радзырды мидис. Малхазы фыдуагми æмæ йæ фæстиуджытæ. Лæппуйы мидхъуырдухæнтæ. Хæрзуагон-хъомыладон фарстатæ уацмысы: æнаххос лæгыл дау кæныны тæригъæд, рæдыдыл басæттын, рæстдзинад дзурыны ныфс, æцæг хæлардзинад æмæ мæнгарддзинад.

"Гугула". Радзырды мидис. Гугулайы карикатурон фæлгонц. Йæ характеры æууæлтæ, йæ царды мидис æмæ куысты нысан. Гугулайы æнæниздзинады æмæ йæ сабиты æдзæллаг уавæр.

"Бутъро æмæ хус суг". Æмбисонды мидис. Адæймаджы æцæг аргъ бахъуаджы сахат, йе 'ддаг бакаст æмæ йæ удыхъæды аивдзинад.

Бесаты Тазе. "Æвзист идон". Чысыл Æхсары ныфс æмæ лæгдзинад. Йæ

бæрнон ахаст хистæры фæдзæхстмæ. Авторыцæстæнгас йæ персонажмæ.

"Хæцæны". Радзырды мидис. Архайды райрæзт. Стуры

тох йæ роды фервæзын кæныныл. Цæрæгойтыл арм дарыны

хъуыды.

Литературæйы теори. Сюжеты тыххæй райдайæн æмбарынад. Архайды бабаст. Кульминаци.

"Налхъуытæ æмæ Науырызы цад".Радзырды мидис æмæ тæлывæрд композици. Налхъуытæ æмæ Науырызы идеалон фæлгонцтæ. Сæ сыгъдæг уарзт. Адæмы ныхкъуырд бадилон æлдары минæварæн.

Дзадтиаты Тотырбег."Къостайы сабийы бонтæ". Скъуыддзаг роман "Хæххон стъалы"-йæ. Къоста - скъоладзау. Йæ "фыдуаг" митæ. Йе 'мгæрттимæ йæ ахастдзинæдтæ. Иуанейы бæхы атард. Адæмы мæт Къостайы æфхæрджытæм. Хъызмыдæйы характеристикæ. Чендзейы фæлгонц, сылгоймаг-хъомылгæнæджы сгуыхт. Зæронд Долæт æмæ гыццыл Къостайы 'хсæн хæлардзинад. Суинаг поэты рæзгæ уды æууæлтæ.

Литературæйы теори. Историон æцæгдзинад æмæ аивадон æрхъуыды.

Цæгæраты Максим. "Хъуыдинæйы галуан".

Таурæгъгæнæг Бæгъæгуыссæйы зæрдæисгæ фæлгонц. Иæ аивадон функци. "Хъуыдинæйы галуан"-ы мидис. Мад æмæ йæ цоты цард. Хъæбулы хæс. Галуан - дзыллæйæ рахицæны символ. Уацмысы идейæ: адæмы фарн - лæджы царды фидар æнцой.

"Ацырухс". Фыддуджы нывтæ. Ацырухсы фæлгонц. Адæймаг æмæ æрдзон дунейы иудзинады нывтæ.

"Дзыллæйы сагъæстæ". Сюжеты аивдзинад. Хæххон æрдзы нывтæ. Хорхæссæг æмæ йæ бинонты типикон хъысмæт. Царды æцæгдзинад - Къостайы æмдзæвгæты гуырæн. Сфæлдыстадон процессы равдыст.

"Асиаты кино". Аивады кæлæнгæнæг тых æмæ хъомыс. Адæмы уарзондзинад

Плиты Грис. "Æртхутæгдон".

Æмддзæвгæйы темæ. Иссæйы сгуыхт хъуыддæгтæ. Иæ ахаст йæ хæстон бæхмæ. Инæлар æмæ æфсады удхæстæгдзинад.

"Сæрдыгон æхсæв". Райгуырæн æрдзы нывтæ.Æмдзæвгæйы аивадон ма-дзæлттæ.

"Хохаг хъæуы". Хæсты цардхалæн мидис. Патриотизмы мотивтæ. Ирон æгьдау - лæджы царды фидыц. Йæ уæз æмæ йæ бæрн хъыг æмæ цины рæ

Кадæг "Мады фæдзæхст".

Цырыхаты Михал. "Фæндаг". Царды раст фæндагыл слæууыны ахсджиаг фарст. /Емдзæвгæйы идейæ: зындзинæдты сæрты - бæрзонд нысанмæ!

"Ма йæм тæхут, хуры тынтæ..." Æмдзæвгæйы темæ. Æрыгон чызджы буц фæлгонц. Лирикон геройы æнкъарæнтæ. Куыстæй райгонд адæймаджы равг.

"Амонд". Зæрдæрухс, хъазуатон фæллой - амонды гуырæн. Царды мидæг ныфсхаст æмæ разæнгард уæвынмæ сидт.

"Дарддæр цыдыстæм". Зындзинæдтæй нæ тæрсын, нысанмæ тырнын. Царды талынг тыхтыл уæлахизы пафос. Литературæйы теори. Строфа.

Цæрукъаты Алдыксандр. "Райгуырæн къона". Фыдыуæзæг уарзыны темæ. Лирикон хъайтары цæстæнгас царды иууыл егъаудæр хæзнатæм Æндæр адæмты культурæйæн аргъ кæныны идейæ.

Литературæйы теори. Антитеза

"Хæхтыл хурзæрин рæдау..." Æмдзæвгæйы мидис.. Фæллойы цин - лирикон геройы зæрдæйы уаг æмæ поэтикон уынынады ратæдзæн.

Литературæйы теори. Олицетворени (

"Фæфæнды мæн". Æрдзимæ удхæстæгдзинады темæ. Лирикон хъайтары бæллиц - æрдзы алы хуызты бацæуын, дунейыл цæрæццагæй цы ис - се 'ппæтæн лæггад кæнын.

"Искæд ды дæр". Царды хуымæтæг æцæгдзинæдтæ зæрдыл дарын. Æмдзæвгæйы фæткон-хъомыладон нысаниуæг.

Дзаболаты Хазби. "Хуымæтæджы æцæгдзинад". Райгуырæн къона æмæ мадæлон æвзаджы нысаниуæг лæджы царды.

Гафез. "Хъилдур". Кадæджы мидис. Цагъардзинады ныхмæ тохы æмæ æфхæрæгыл удыхъæдæй уæлахизы темæ.

"Хъилдур". Патриотизмы мотивтæ уацмысы.

"Ирон цагъд". Ацырухсы уæздан æмæ сыгъдæг удыхъæд. Мæсыг - "таурæгъгæнæг", йæ аивадон функци. Литературæйы теори. Кадæг.

"Ацырухс", "Мады цæссыг". Хъæбул уарзын æмæ йæ сæрыл хи цард нывондæн хæссыны темæ. Ивгъуыд зонын, фыдæлты цард æмæ тох зæрдыл дарыны идейæ.

Булкъаты Михал. "Трактор æмæ гутоны зарæг»

Радзырды темæ. Куыст - цæрæг удты æрдзон уаг. "Гутоны зарæг" - цардимæ æмдзугæнæг фæллойы симфони.

Гаглойты Владимир. "Цæуыл куыдта хæххон суадон?" (цыбыргондæй).

Уацауы темæ. "Хъæды паддзахады" æрдзон гармони, йæ цæрджыты сурæттæ æмæ характерон æууæлтæ. Йæ нысаниуæг æмæ бынат адæймаджы царды.

Бестауты Гиуæрги. "Зымæг",

Дзаболаты Хазби. "Æрдз æмæ адæймаг"

Дзуццаты Хадзы-Мурат. "Чысыл дельфин - нырма лæппын..."

Хъодзаты Æхсар. "Ирæф"

Ходы Камал. "Къæвда".



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал