7


  • Учителю
  • Работа по развитию речи. Описание картины М. Келехсаева 'Зимнее утро'

Работа по развитию речи. Описание картины М. Келехсаева 'Зимнее утро'

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала





Ныхасы рæзтыл куыст Нывæцæн нывмæ гæсгæ

Челæхсаты Магрез

«Зымæгон райсом»



10-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)



Ахуыргæнæг Цæллагкаты С.Ю.



Урочы темæ: Нывимæ куыст. Челæхсаты Магрез «Зымæгон райсом»

(2 сах.:1сах. нывæцæнмæ цæттæгæнæн урок, 2 сах.нывæцæн ныффыссын)

Грамматикон æрмæг: домгæвазыгджын хъуыдыйад (фæлхат).

Урочы нысантæ:

Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.

Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ дзурын; хатдзæгтæ кæнын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын.

Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын.

Практикон: дзурын зымæгон æрдз æмæ хи æнкъарæнты тыххæй нывмæ гæсгæ; дзургæ æмæ фысгæ ныхасæй пайда кæнын; дзырдтæ-клишетæй пайда кæнын арæхсын баст текст аразгæйæ; номдары тасындзæг æмæ домгæвазыгджын хъуыдыйад сфæлхат кæнын.

Куысты хуызтæ: дзырдуатон куыст; лексикон æмæ грамматикон фæлтæрæнтæ; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл куыст.

Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; ныв; интерактивон фæйнæг; цæстуынгæ æрмæг; классикон музыкæ.

Урочы цыд.

1. Ахуыргæнæджы эмоционалон разныхас нывгæнæг Челæхсаты Магрезы тыххæй. (1-3 слайдтæ)

Хъуысы классикон музыкæ. (Вивальди «Афæдзы афонтæ. Зымæг»)

Челæхсаты Магрез у Ирыстоны номдзыддæр нывгæнджытæй иу. Йæ сфæлдыстадимæ зонгæ сты канд Ирыстоны æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ дунейы бирæ бæстæты. Йæ рæстæджы нывгæнæг райста академион ахуырад: каст фæцис Ленинграды Репины номыл аивадон институт. Йæ дæсныйад у «театралон нывкæнынад». Бирæ азты дæргъы Магрез куыста Цæгат Ирыстоны драмон театры. Скодта декорацитæ ахæм хъуыстгонд спектакльтæм, куыд: «Чермен» (Плиты Грис), «На дне» (М. Горький), «Хъодыгонд зæд» (Джыккайты Шамил), «Æз, нана, Иликъо æмæ Илларион» (Н. Думбадзе), «Тимон Афинаг» (В.Шекспир - ацы спектаклæн лæвæрд æрцыдис Станиславскийы номыл Паддзахадон преми). 2004 азы курдиатджын нывгæнæгæн лæвæрд æрцыдис Уæрæсейы Аивæдты Академийы Стыр Æвзист майдан.

2.Лексикон фæлтæрæн.

Интерактивон фæйнæгыл цыбыр текст нывгæнæджы тыххæй. Бавæрын дзы хъæуы хъæугæ дзырдтæ.(4слайд)

… зындгонд австриаг нывгæнæг-абстракционист Георг Бранднер уыдис уазæгуаты Ирыстоны. Уый аивадон симпозиум «Аланикæ»-йы. Фæсарæйнаг нывгæнæджы зæрдæмæ тынг фæцыдис Магрезы , æмæ йæ ахуыдта Æппæтадæмон аивадон симпозиуммæ Австримæ. Ирон нывгæнæг австриæгты йæ куыстытимæ. Магрезы нывтæй иу-цалдæр фæсарæйнаг коллекционертæ, цалдæр та дзы балæвар кодта йæ . Æхца сæ кæй нæ бакуымдта, уый сæм тынг диссаг .

Хъæугæ дзырдтæ: базонгæ кодта; сфæлдыстад; архайдта; æрæджы; балхæдтой; фысымтæн; фæкастис.

Фарст: Цы базыдтат ногæй ацы текстæй нывгæнæджы тыххæй? Куыд уæм фæкастис, æхца йæ фысымтæй кæй нæ райста, уыцы хабар?

Скъоладзаутæ дзуæппытæ дæттынц.

3.Диалогон ныхас. Ахуыргæнæг æвдисы скъоладзаутæн Магрезы пейзажтæй цалдæр æмæ сæ фæрсы, цавæр сюжеттæ æмбæлынц арæхдæр нывгæнæджы куыстыты, уымæй.

Ахуырдзауты дзуæппытæй: «райгуырæн зæхх», «хъæуккаг цард», «хуымæтæг адæмы цард», «зымæгон æрдзы нывтæ»… Ахуыргæнæг бæтты сывæллæтты ныхæстæ урочы темæимæ, æвæры ахуырдзауты размæ урочы нысантæ, зонгæ сæ кæны ныв «Зымæгон райсом»-имæ. (5-8 слайдтæ)

4.Дзырдуатон куыст.

Фæлгонц-

Æрвылбон-

Змæлын-

Цъына-

Тæрын-

Фахс-

Ныхмæвæрд-

Æнкъарæнтæ-

Æнцойдзинад-

Фенæн ис-

Ахуыргæнæг æмбарын кæны дзырдты нысаниуæг, ахуырдзаутæ дзырдты 2 къордæй аразынц дзырдбæстытæ (бæттынц сæ фатæгтæй)

æнахуыр

æнцойдзинад

фенæн ис

фæлгонц

ныхмæвæрд

нывты

райдзаст

цард

дæтты

æнкъарæнтæ

хохы

ахорæнтæ

æрвылбон

змæлын

кæрты

фахс

фос

тæрын

сыгъзæрин

цъынатæ



(æнахуыр фæлгонц; фенæн ис нывты; ныхмæвæрд ахорæнтæ; райдзаст æнкъарæнтæ; дæтты æнцойдзинад; хохы фахс; æрвылбон цард; кæрты змæлын; фос тæрын; сыгъзæрин цъынатæ)

5.Лексикон фæлтæрæн.

Дзырдбæстытæй саразын хъуыдыйæдтæ нывмæ гæсгæ. Зæгъæм: 1.Нывы фенæн ис æнахуыр бæрзонд раст бæлæстæ. 2.Хосы сыгъзæрин цъынатæ æмбæрзт сты урс митæй æмæ а.д.

6.Грамматикон хæслæвæрд.

Хуымæтæг хъуыдыйæдтæй бæттæгты руаджы саразын вазыгджын хъуыдыйæдтæ (фæлхат). Ацы хæслæвæрды размæ скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын домгæвазыгджын хъуыдыйæдты бæттæгтæ (аххосы уæлæмхæст хъ-д; афоны уæлæмхæст хъ-д æмæ æнд.)

Бæттæгтæ: цы-уыдоны; уымæн æмæ; куы-уæд.

1.Челæхсаты Магрезы нывты арæх æвдыст цæуы зымæг. Нывгæнæг уарзы ацы афæдзы афон.(Челæхсаты Магрезы нывты арæх æвдыст цæуы зымæг, уымæн æмæ нывгæнæг уарзы ацы афæдзы афон).

2.Хохы-иу фыццаг мит рауарыдис. Нывгæнæгмæ -иу афтæ кастис, цыма дуне уæларвон зæлтæй байдзаг ис.(Хохы-иу фыццаг мит куы рауарыдис, уæд-иу нывгæнæгмæ афтæ кастис, цыма дуне уæларвон зæлтæй байдзаг ис).

3.Бæлæсты аууæтты хæдзæрттæ лæууынц. (Сæ)Фарсмæ зынынц хосы сыгъзæрин цъынатæ.(Бæлæсты аууоны цы хæдзæрттæ лæууынц, уыдоны фарсмæ зынынц хосы сыгъзæрин цъынатæ).

7.Ахуыргæнæджы ныхас: Куыд уæм кæсы, бæлæстыл цы тымбыл лыгтæ ис, уыдон цы нысан кæнынц?

Ахуырдзауты дзуæппытæй: «гыццыл хуртæ», «бæлæсты удтæ», «зæххы къори», «космосон фæлгонц» æмæ а.д.

Ахуыргæнæг: Нывгæнæг йæхæдæг афтæ æмбарын кæны ацы символтæ: «Уыдон сты, нæ фарсмæ чи нал ис, уыцы адæймæгты удтæ. Гыццыл хуртау цæрынц, чи сæ уарзы, уыдоны зæрдæты, æмæ сæ рухс кæнынц».

Байхъусут-ма Шарль Гунойы музыка «Аве Мария»-мæ æмæ зæгъут, ацы музыкæ ис райсæн нывы музыкалон фæлыстæн æви урочы райдиан цы музыкæмæ байхъуыстам, уый? (Вивальдийы музыкæ).

Ахуырдзауты хъуыдытæ: «Гунойы музыкæ, уымæн æмæ у уæларвон…» «Аве Мария» у космосон музыкæ, нывы бæлæстæ дæр сты ахæмтæ…» «Гунойы музыкæмæ бæлæстæ дæр ныхъхъуыстой…» æмæ а.д.

7.Диалогон ныхас. Ахуырдзаутæ кæрæдзимæ дæттынц фæрстытæ (карточкæтыл фыст) æмæ сын дзуæппытæ дæттынц.

Фæрстытæ:

1.Кæй ныв у ацы ныв? Куыд хуыйны?

2.Чи у Челæхсаты Магрез? Цы зоныс ацы нывгæнæджы тыххæй?

3.Цавæр афæдзы афон у нывгæнæгæн уарзондæр? Цæмæн?

4.Цы 'вдыст цæуы нывы 1 пъланы?

5.Цавæр сты бæлæстæ? Цæмæн дæм кæсынц æнахуыр? Цы нысан кæнынц?

6.Цы лæууы бæлæсты аууæтты?

7.Цæмæй æмбæрзт сты хосы сыгъзæрин цъынатæ?

8.Куыд æвдыст цæуы хъæуккаг адæмы цард?

9.Цы уынæм нывы фæстаг пъланы?

10.Цавæр ахорæнтæй фыст у ныв?

11.Куыд дæм кæсы, рагон дæснытæй кæй нывты хуызæн у?

12.Дæ зæрдæмæ фæцыдис (нæ фæцыдис) ныв? Цавæр æнкъарæнтæ дæм гуырын кæны?

8.Ахуыргæнæг æвдисы Питер Брейгелы нывтæй иу-цалдæр. Ахуырдзаутæ дзы хъуамæ ссарой стилистикон иудзинæдтæ.

9.Монологон ныхас.

Фæрстытыл æнцойгæнгæйæ, ахуырдзаутæ аразынц баст текст.

Челæхсаты Магрезы ныв «Зымæгон райсом»

Ацы ныв у Челæхсаты Магрезы ныв, хуыйны «Зымæгон райсом».

Челæхсаты Магрез у номдзыд нырыккон ирон нывгæнæг. Магрезы нывты равдыстытæ уыдысты бирæ фæсарæйнаг бæстæты, йæ куыстытæй бирæтæ сты дунейы зындгонддæр музейты. 2004 азы курдиатджын нывгæнæгæн лæвæрд æрцыдис Уæрæсейы Аивæдты Академийы Стыр Æвзист майдан. Уый у Станиславскийы номыл Паддзахадон премийы лауреат.

Магрез арæх æвдисы йæ нывты зымæг, уымæн æмæ уарзы ацы афæдзы афон. Хохы-иу фыццаг мит куы рауарыдис, уæд-иу нывгæнæгмæ афтæ кастис, цыма дуне уæларвон зæлтæй байдзаг ис.

Нывы фыццаг пъланы 'вдыст цæуынц æнахуыр бæрзонд раст бæлæстæ. Уыдоны ис диссаджы тых, сты космосон фæлгонцы хуызæн. Ацы символ арæх фенæн ис нывгæнæджы куыстыты, - уый у æнæкæрон царды нысан.

Бæлæсты аууæтты зынынц хъæдæй æмæ дурæй конд хæдзæрттæ, сæ фарсмæ та - урс митæй æмбæрзт хосы сыгъзæрин цъынатæ.

Нывы уынæм хуымæтæг хъæуккаг адæмы æрвылбон цард: иутæ тæрынц сæ фос æддæмæ, иннæтæ змæлынц сæ кæртыты.

Нывы фæстаг пъланы, арвмæ хæстæг, хохы фахсыл, зыны хъæуы иннæ хай.

Ныв фыст у ныхмæвæрд ахорæнтæй - тар æмæ ирд, фылдæр дзы ис урс æмæ тарцъæх хуызтæ. Йæ композицимæ гæсгæ у 16 æнусы нидерландаг нывгæнæг Питер Брейгелы нывты хуызæн.

Ныв «Зымæгон райсом» адæймагмæ гуырын кæны райдзаст, лирикон æнкъарæнтæ, уарзондзинад райгуырæн зæхмæ, дæтты æнахуыр æнцойдзинад удæн.

10.Кæронбæттæн. Хатдзæгтæ.

11.Х/куыст: фæрстытæм гæсгæ хи бацæттæ кæнын нывæцæнмæ (ахуырдзаутæн рагацау байуарын карточкæтæ фæрстытимæ).

2-аг урочы ныффыссын нывæцæн нывмæ гæсгæ



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал