- Учителю
- Конспект урока на тему 'Книга в жизни человека'
Конспект урока на тему 'Книга в жизни человека'
ЧИНЫГ АДÆЙМАДЖЫ ЦАРДЫ.
АИВ ЛИТЕРАТУРÆ КУЫД АХУЫРЫ
ПРЕДМЕТ. (5 КЪЛАС)
2015
03.09.15. 5 къл. ИКТ
ТЕМÆ: Чиныг адæймаджы царды. Аив литературæ куыд ахуыры предмет.
НЫСАН: Бамбарын кæнын скъоладзаутæн чиныджы стыр нысан æмæ бынат
адæймаджы царды.
ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Чиныг кæсын уарзынмæ æмхиц кæнын
скъоладзауты.
УРОЧЫ ÆРМÆГ: литературæйы чиныг, æмбисæндтæ чиныджы тыххæй,
презентаци, куырыхон лæгты базырджы ныхæстæ чиныджы тыххæй, уыци-уыцитæ чиныджы тыххæй.
ДЗЫРДУАТОН КУЫСТ: Рæстæг, Дуне, Ивгъуыд, Фидæн, Сом, Æрдз, Цард,
Куырдалæгоны удæвдз.
УРОЧЫ ЦЫД:
«Чиныг зонд у, чиныг - цард.
Чиныг царды уыны дард»
/ ЕПХИТЫ ТÆТÆРИ /
-
Орг. хай.
-
Ног æрмæг.
Беседæйы хуызы скъоладзаутимæ æрдзурын чиныджы нысаныл
адæймаджы царды.
Фарст: Фыццаг хатт цавæр чиныг бакастæ, чи у йæ автор?
Цæмæн хъæуы чиныг адæймаджы?
АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС:
Зæххон адæймаджы зонд цы сфæлдыста, уыдонæн сæ тæккæ вазыгджындæр у чиныг. Йæ ахадындзинад адæймаджы царды у тынг стыр.
Уый руаджы адæймаг бамбары алцыдæр. Сывæллоны миддуне чиныджы фæрцы кæны хъæздыгдæр.
Бакæсæм æмæ равзарæм лæвæрд æмбисæндты хъуыды.
«Чиныг - дæ хуыздæр æмбал»,
«Чингуытæ кæсын - зондджын уæвын»,
«Чиныг - зонды суадон»,
«Чиныг цы хæдзары нæй, уый у æнуд».
ХÆC: Базонут ма ацы уыци - уыцитæ:
« Æнæ удæй зонд амонæг», «Дзых ын нæй, афтæмæй дзуры», «Иу чысыл агъуысты æгас æфсад бады», «Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны».
Чингуытæ вæййынц алыхуызон, фæлæ хæссынц иу ном - литературæ: аив литературæ, наукон литературæ æмæ æндæртæ.
Дзырд «литературæ» амоны фыст æмæ мыхуыргонд уацмыстæ иумæ райсгæйæ, у аивады хуыз. Сæрмагондæй та - дзырдаивад.
-
Аулæфт. «Светофор» ( Ахуыргæнæгмæ æртæ хуызы: сырх, бур, цъæх.
Цъæх хуыз - дæ бынаты дугъ кæн, бур - дæ бынаты цу, сырх - æрлæуу
æмæ сбад.
-
Презентаци равдисын.
-
Чиныгимæ куыст. Чиныджы лæвæрд æрмæг бакæсы ахуыргæнæг, æвзарын зынæмбарæн дзырдтæ.
Фарст: Исчи уæ фехъуыста искуы, кæнæ бакасти Куырдалæгоны тыххæй?
Кæд ничи хъуыды кæна, уæд сын цыбыртæй Нарты кадджытæй сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, зæгъæм «Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырд».
Куырдалæгон - уæларвон куырд, куырды куысты бардуаг. Нартæн кодта хæцæнгæрзтæ, сæрыдта сæ.
Удæвдз - Нарты кадджыты алæмæтаг, диссаджы уадындз. Йæхи æгъдауæй - иу зарджытæ чи кодта, ахæм.
-
Чиныджы лæвæрд æрмæг аив каст кæнынц скъоладзаутæ æмæ йæ хи ныхæстæй дзурынц.
-
Хæдзармæ куыст. Аив каст сахуыр кæнын текст.Литературæйы тетрæдтæм рафыссын æмбисæндтæ чиныджы тыххæй.
-
Бæрæггæнæнтæ.