7


  • Учителю
  • Урок по теме 'Омонимы' (10 класс) (на осетинском языке)

Урок по теме 'Омонимы' (10 класс) (на осетинском языке)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Ныхасы темæ: «Ӕрцыд, ныллæууыд уалдзæг…»


Æвзаджы темæ: «Омонимтæ»


Нысантæ: 1. Омонимты рацыд æрмæг сфæлхат кæнын æмæ бафидар кæнын.

2. Фæхъæздыгдæр кæнын скъоладзауты дзырдуат.

3.Бакусын дзургæ ныхасы рæзтыл.


Урочы фæлгонц: слайдтæ, дидактикон æрмæг, фæйнæг.


Урочы цыд.


Ахуыргæнæджы ныхас:Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Ацы уалдзыгон бон нæм æрбацыд зынаргъ уазджытæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ. Салам сын раттæм. (Уæ бон хорз æмæ нæм æгас цæут).

Нæ абоны урокæн ис дыууæ темæйы: иу- ныхасы, иннæ- æвзаджы.

Ныхасы темæ базонæн ис, ныртæккæ уын ӕз цы æмдзӕвгæйы скъуыддзаг бакæсдзынӕн, уымæй.


Хуссӕртты миттӕ ӕртадысты,

Быдыр гӕзӕмӕ фӕцъӕх.

Хъарм бӕстӕй мӕргътӕ ӕртахтысты,

Ногӕй та сулӕфыд зӕхх.


Скъоладзау: Уалдзæг. (слайды)

Ахуыргӕнӕг: Уæдӕ бакӕсæм уалдзæджы нывтӕм æмӕ мын сымах дæр мӕ зæрдӕ барухс кæнут уе ʹмдзӕвгæтӕй.

Ахуыргӕнӕг: Бузныг! Куыд аив, зӕрдӕмӕхъаргӕ дзырдтӕ дзы уыд уе ʹмдзӕвгæты. Æвӕдза куыд рӕсугъд у ирон ӕвзаг! Разы стут мемӕ?

Скъоладзау: Не 'взаг рагæй фæстæмæ уыд цымыдисаг Уæрæсе æмæ Европæйы ахуыргæндтæн. Фыстой, æмбырд кодтой ирон дзырдтæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ- бæлццæттæ.


Скъоладзау: Ахуыргӕндтӕ ӕмбӕрстой, адӕмӕн се взаг куы базонай, уӕд сын хуыздӕр базондзынӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕ.

Ахуыргӕнӕг: Цӕмӕн афтӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ у нӕ мадӕлон ӕвзаг? Хъӕздыг ӕвзагыл ӕй банымайӕн ис?

Скъоладзау: Не 'взаг арӕзт у бирӕ рӕсугъд дзырдтӕй.

Ахуыргӕнӕг: Уыцы рæсугъд дзырдтæ грамматикон æгъдауæй куыд хонæм?

Скъоладзау: Ӕвзаджы ӕппӕт дзырдтӕ иумӕ хуыйнынц лексикӕ.

Ахуыргӕнӕг: Лексикӕйы тыххӕй та цы зонут?

Скъоладзау: Нæ ныхас арæзт вæййы хъуыдыйæдтæй, уыдон та дзырдтæй. Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ хуыйнынц лексикæ.

Скъоладзау Лексикæ куыд фæндыйæ арæзт нæу, фæлæ йæ хицæн хæйттæ баст сты бæлвырд æгъдаумæ гæсгæ.

Скъоладзау: Уыцы бирæ хæйттæй мах базыдтам иунысанон ӕмӕ бирӕнысанон дзырдтӕ, дзырдты комкоммӕ ӕмӕ ахӕсгӕ нысаниуджытӕ, омонимтӕ, синонимтӕ, антонимтӕ.

Ахуыргӕнӕг: Нæ зæрдыл ма сæ æрлæууын кæнæм.

Скъоладзау: Дзырдтæ вæййынц иунысанон æмæ бирæнысанон. Иу нысаниуæг кæмæн вæййы, уыцы дзырд фæхуыйны иунысанон. Зæгъæм: кæрдо, æхсæз, æз.

Бирæнысанон дзырд та цалдæр нысаниуæджы кæмæн вæййы, уый. Зæгъæм: сæр, сызгъæрин, къона.

Скъоладзау: Дзырды нысаниуджытæй иу вæййы комкоммӕ, иннæ та ахӕсгӕ. Дзырдæн йæ сæйраг нысаниуӕг вæййы йæ комкоммӕ нысаниуæг. Ахæсгæ нысаниуӕг та сæвзæры комкоммӕ нысаниуæджы бындурыл. Зæгъæм: КЪАХ амоны буары хай дæр æмæ стъолы хай дæр, уымæн æмæ уыцы хæйттæ сты æнгæс; ФЫНГ та амоны хæдзары дзаума.

Скъол: Синонимтæ тæ та сты иухуызон нысаниуæгджын дзырдтæ, иу хъуыдыйы фæлхуызтæ. Зæгъæм: фыдхуыз, къæсхуыр, мæллæг.


Скъоладзау: Антонимтæ та сты ныхмæвæрд дзырдтæ. Бон-æхсæв, бæрзонд-ныллæг.


Скъоладзау: Фæлæ нæ цымыдисы бафтыдтой омонимтæ. Ӕмæ сæм не 'ргом дзæгъæлы нæ аздæхтам. Омонимты проблемæ ирон æвзаджы у вазыгджын æмæ уын æй æргом куы зæгъæм, уæд нын зынæмбарæн дæр уыд.

Ахуыргӕнӕг: Нæ абоны урок хуымæтæг нæ уыдзæн.


Скъоладзау: Проектон куысты хуыз нын у.


Мах нæ размæ æрæвæрдтам ахæм хæстæ :

1. Базонын цы сты омонимтæ.

2. Цавæр нысаниуджытæ сты?

3. Цæмæн сæ хæццæ кæнынц бирæнысаниуæгон дзырдтимæ.


Скъоладзау: Фыццагдæр дзырд «омоним» у, æрбайсгæ, грекъаг дзырд. «Омос» нысан кæны «æмхуызон», «онима» ном. Мах бæлвырд æркастыстæм, омонимтæ цы чингуыты сты, уырдæм. Бафарстам 10-æм къласы скъоладзауты. Сæмбæлдыстæм омонимты дзырдуаты иртасджытæй иуимæ æмæ бæлвырддæр базыдтам цы сты омонимтæ, æмæ сæ бирæнысаниуæгон дзырдтимæ хæццæ кæнæн кæй нæй.

Скъоладзау: Æмæ куы æркæсæм, уæд омонимтæ сты, дзургæ кæнæ фысгæ æмхуызон кæй фæкæнынц, фæлæ сæ нысаниуджытæ бынтон алыхуызон кæмæн вæййынц, ахæм дзырдтæ.

Зæгъæм: 1-скъ: Хос- хус кæрдæг; хос - дзæбæх кæнæн фæрæз. Бал-гагадыргъ, бал-къорд(бирæгъты,цъиуты); цин - æнкъарæн, цин - æфсæддон цин; тас - истæмæй тæрсын, тас - мигæнæн.


Скъоладзау: Омонимтæй арæх пайда кæнынц поэттæ бæлвырд æнкъарæнтæ равдисыны тыххæй.


О, мӕ ахсджиаг, о, ме ʹвзаг

О, мӕ фыдӕлты хъӕлӕс!

Дӕу лӕджы ном ӕмӕ фарнау

хизын сӕфты къахæй æз!

Узта цадæггай мæ авдæн

зарыд «а-ло-лай» мæ мад

Хъуыстон й' аргъæуттæм нанайæн,

Æз уæд базыдтон дæ ад.

О ,мæ ахсджиаг, мæ уидаг!

О , мæ мадæлон æвзаг

Скъоладзау: Ӕгадæй чи цæры нæ хъæуы,

Мах ахæм хæлæрттæ нæ хъæуы.


Скъоладзау: Фæндаг куы алæгъз кæны къахæн,

Уæд æнцон цæуæн у къахæн.


Скъоладзау: Кæд нæ аскъуыди дæ хал,

Гъе уæд æй сындæггай хал.

Скъоладзау: Ирон æвзаджы омонимтæ æвдыст æрцыдысты ирон омонимты дзырдуаты. Йæ автор Джусойты Клавæ бакодта тынг вазыгджын æмæ хъæугæ куыст: æрæмбырд кодта бирæ омонимон къæйттæ æмæ сæ бафидар кодта хъæздыг æрмæгæй.

Скъоладзау: Куыд базыдтам, афтæ æвзаг рæзы æмæ ивы æхсæнадимæ. Уымæ гæсгæ дзырдтæн фæивы сæ нысаниуæг, кæнæ та лексикон æгъдауæй кæрæдзимæ хæстæг дзырдтæ тынг адард вæййынц æмæ свæййынц бынтон æцæгæлон. Ахæм дзырдтæн схонæн ис омонимтæ.

Скъоладзау: Фыццаджыдæр, бирæнысанон дзырдтæн сæ сæйрагдæр миниуæг у ахæсгæ нысаниуæг. Омонимтæн та уыцы миниуæг вæййы æцæгæлон.

Зæгъæм: Сывæллон йæ хъазæн раскъæфта.

Фæсивæд æрæмбырд сты хъазæн фæзмæ.

Нана хъазæн хæринаг радта.

Ацы дæнцæгты дзырд «хъазæн» фыццаг дыууæ хъуыдыйады у бирæнысанон, æртыккагимæ та сты омонимтæ.

Скъоладзау: Ӕз ма бафтаудзынæн, омонимтæ кæддæриддæр баст вæййынц царды ӕцӕгдзинадимӕ æмæ сын схæццæ кæнæн нæй.

Зæгъæм: райсæм 2-уæ дзырды сæр æмæ нæ хъæуы. Сæр ис ахæссæн бирæ нысаниуæгджын дзырдтæм. Адæймаджы сæр, хæдзары сæр, фынджы сæр, чиныджы сæр, хъуыддаджы сæр æ.а.д.

Фæлæ нæ хъæуы, уымæн ис æрмæстдæр йæхи нысаниуæг ома сæрмагонд. Нæ хъæуы ома хъæу адæм кæм цæрынц æмæ нæ хъæуы - нæ бæззы.

Скъоладзау: Нæ иртасæн куыст куы кодтам, уæд базыдтам омонимтæн кæй ис хуызтæ æмæ сæ ахуыр кæндзыстæм 10-æм къласы. Кæд уын цымыдисаг у, уæд бафæрсæм 10-æм къласы ахуырдзауты. Арвыстам уын цымыдисаг хæслæвæрд. Цымæ йæ куыд баххæст кæниккат?

Ссарын уæлдай дзырдбæстытæ

• Ног мæй - хуымгæнæны мæй

• Бæрзонд сис - хъазы сис

• Мæ был - доны был

• Иу сом - сомы дын кæнын

• Дзырды уæнг - ме уæнг


Ахуыргæнæг: Тынг хорз. Мæ зæрдæ мын барухс кодтат. афтæ бирæ æрмæг кæй æрæмбырд кодтат, уымæй. Алы предметæй дæр ахæм проектон куыстытæ куы кæнат, уæд уæм ахуыр фæкæсдзæн æнцондæр æмæ цымыдисагдæр.

Цæмæй дарддæр нæ куыст цæуа æнтысджынæй, уый тыххæй нæ хъæуы нæ фæллад ауадзын. Байхъусут-ма музыкæйы зæлтæм æмæ уыимæ уæ цæстытыл ауайын кæнут æрдзы рæсугъд нывтæ: Хуры тынты хъазт… Цъиуты цъыбар-цъыбур … Хæххон абухгæ дæтты хъæлдзæг зард…


Хорз. Дарддæр кусæм. Æркӕсӕм нӕ чингуытӕм 254 -фӕл. ӕмӕ хæслæвæрд баххӕст кӕнӕм. бацамонут дзырдты омонимон нысаниуджытӕ. Равзарӕм цалдӕр дзырды. Фӕйнӕгыл уын фыст сты.(тухæн, бырон, барæн, уад.)


Ахуыргæнæг: Дыккаг хӕс: Фӕйнӕгыл нывтæ æмæ семӕ ӕрхъуыды кæнын хъуыд-тӕ цӕмӕй дзы ӕмбӕла омонимтимæ.

Нывтæ фæйнæгыл (æрыскъæф, хъус, хъаз, арфæ, уарын)

Бирӕ уарзын ӕз ӕрыскъӕф

Ехх, ӕмӕ та дзы ӕрыскъӕф


Хистӕрты ныхасмӕ хъус

Кӕстӕртӕм фӕдар дӕ хъус


Тынг хӕцаг сси нӕ хъаз,

Марадз ӕмӕ йемӕ хъа

Хуыцауы арфӕ дӕ уӕд.

Айхъуысти алӕмӕты арфӕйы зӕлтӕ

Уарын ӕмӕ арвы нӕрд сиу сты.

Нарты адӕм сӕ фос уарын байдыдтой.


3 хæс ерысы хуызы. Раздӕр кӕцы къордӕй сиса йæ къух, уый фӕрсын.


(Уыци-уыцитæ)


1.Сарæзта цæрæнуат халон,

Цæй, ныр æй æз куыд….

2.Райсомæй цæрдæг куы фесты,

Уæд хъазуатон кусæг…

3.Уыгæрдæны федтон ахстон,

Уым уæрццы лæппынтæ…



4.Тоны мад йæ пакъуы хъазæн,

Райста саби дæр йæ…

5.Кæд къæрмæг тъыст ис йæ хъусы, Гъе уæддæр нæ ныхас…

6.Даргъ, фыдынд сæрыхъуын дары,

Уайдзæф мурмæ дæр нæ…

Ахуыргӕнӕг: Уæ риутыл ис лентытæ. Цы нысан кæнынц?



Скъоладзау: Нæ бæстæйы адæм Уæлахизы бæрæгбоны размæ

сæ риутыл бакæнынц Георгевски лентытæ. Æмæ уыцы хуызы кад кæнынц, сæ ном сын арынц, Фыдыбæстæйы хæсты архайджытæн..

Скъоладзау: Уалдзӕг канд ӕрдзы райхъалӕй нӕу зӕрдӕмӕ хӕстӕг, фӕлӕ ма ӕрхазта Уӕлахизы бон! Æппӕт Уӕрӕсейы адӕм дӕр бӕрӕгбӕтты бӕрӕгбоныл нымайынц уыцы бон.

Скъоладзау: Ацы аз бӕрӕг кӕндзысты уӕлахизы 70-азы бон. Ирыстоны фæсивæд сæхи равдыстой хъæбатырæй

Ахуыргӕнӕг: Мӕ зӕрдӕ уӕ райы, абоны царды ахсджиагдӕр цаутӕ афтӕ хорз кӕй зонут, уымӕй. Фæнды мæ, цæмæй уæ дарддæр дæр цымыдисы æфтауа ирон æвзаг.

Скъоладзаутæ хатдзæг кæнынц сæхæдæг.

Скъоладзау: Омонимты иртасын хъæуы историон æгъдауæй.

Скъоладзау: Кæд омонимты нысаниуджыты æхсæн иудзинадæй ницы ис, уæд бирæнысанон дзырдты нысаниуджытæ та сæвзæрынц цавæрдæр иу нысаниуæджы бындурыл æмæ вæййынц кæрæдзиуыл баст, кæд æмсæр нæ вæййынц, уæддæр.

Скъоладзау: Омонимтæ сты, дзургæ кæнæ фысгæ æмхуызон кæй фæкæнынц, фæлæ сæ нысаниуджытæ бынтон алыхуызон кæмæн вæййынц ахæм дзырдтæ.

Скъоладзау: Бирæнысанон дзырдтæн сæ сæйрагдæр миниуæг у ахæсгæ нысаниуæг. Омонимтæн та уыцы миниуæг вæййы æцæгæлон.

Скъоладзау: Омонимтæ баст вæййынц царды ӕцӕгдзинадимӕ æмæ сын схæццæ кæнæн нæй.



Х/К. Ныффыссын арфæйы ныхæстæ, Уæлахизы бон кæй фæрцы æрцыд, уыдонæн.

Рефлекси.

Уалдзæджы бæлас дидинæг рафтауы, стæй ратты дыргъ. Кæд, куыд бакуыстат, цы базыдтат уымæй разы стут, уæд мах бæлас дæр дидинджытæ рафтаудзæн. Стæй æнхъæлмæ кæсдзыстæм кæй ратдзæни хорз дыргъ, ома мын сымах схиздзыстут ахуыры бæрзæндтæм.



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал