- Учителю
- Тематическое занятие: Къоста - фыссаег, нывгаенаег (старшая подготовительная группа)
Тематическое занятие: Къоста - фыссаег, нывгаенаег (старшая подготовительная группа)
46-æм рæвдауæндон
Инструктор: Хетæгкаты З.Н.
Дзæуджыхъæу
Къоста - ирон æвзаг æамæ литературæйы бындурæвæрæг.
Нысан: Базонгæ кæнын сывæллæтты Хетæгкаты Къостайы сабийы бонтимæ, куыд зын фадæтты хъомыл кодта, куыд зæрдæргъæвд уыдис, хистæрты куыд нымадта, коммæгæс, æгъдауджын.
Æрмæг: Къостайы нывтæ, чингуытæ, сывæллæтты нывтæ, магнитофон, ирон фæндыр.
Халсартæ, дыргътæ, сыфтæртæ.
Дзырдуат: Чендзе, Уæлладжыры ком, зондджын, хæдæфсарм, коммæгæс, Нары-хъæу, фыссæг-нывгæнæг.
Фарстатæ: - Чи уыди Хетæгкаты Къоста?
- Кæм райгуырди Къоста?
- Чи схъомыл кодта Къостайы?
- Кæм ахуыр кодта фыссæг?
- Цавæр æмдзæвгæтæ ныффыста Къоста?
- Цавæр нывтæ сныв кодта Хетæгкаты Къоста?
-Цæй тыххæй фыссы фыссæг æмдзæвгæйы «Фæззæг»?
Цъиутæ атахтысты хъъарм бæстæм
Бæлæстæ та раластой сæ дарæстæ
Хуымтæй раластам бæрзонд тыллæг
Ома ралæуыд хъæзныг……………… фæззæг.
Раст загътат сывæллæттæ фæззæг ралæууыд, æмæ цал мæйы ис фæззæджы?
- Æртæ мæйы.
Цавæр мæйтæ сты?
- Рухæны мæй, Кафты мæй, Джеоргуыбайы мæй.
Зарæг: «Фæззæг»
Ныр та ма ахъуыды кæнут æмæ зæгъут:
Кæцы мæй у ныртæккæ?
- Кæфты мæй.
Æмæ кæфты мæй кæй бæрæгбон-гуырæнбон вæййы?
- Хетæгкаты Къостайы.
Раст загътат сывæллæттæ. Абон у Хетæгкаты Къостайы гуырæнбон.
- Чи уыди Хетæгкаты Къоста?
- Кæм райгуырди Къоста?
- Чи схъомыл кодта Къостайы?
- Куыд хъомыл кодта фыды ус Къостайы?
Раст загътат сывæллæттæ Хетæгкаты Къоста райгуырди Уæлладжыры комы Нары хъæуы. Хæрз чысылæй баззади сидзæрæй. Касти сабимæ се`рвадæлты чындз Чендзе. Уый тынг бирæ уарзта Къостайы. Фæлæ Къостайы фыд дыккаг ус куы `ркодта, уæд лæппуйæн йæ цард фæзындæр. Фыды ус анне бауарзта Къостайы, хæринаг ын нæ лæвæрдта, надта лæппуйы.
Къоста уыдис тынг коммæгæс лæппу, ахуыр дæр кодта тынг хорз.
Дзæуджыхъæуы прогимназийы ахуыр кодта, стæй уæд ахуыр кодта Стъараполы гимназийы.
Хорзхъæд лæппу, зæрдæргъæвд уыдис Къоста, фæлæ ахуырæн нæ уыдис фадат. Ахуыргæнджытæ тынг бирæ уарзтой лæппуйы, Къоста раджы райдыдта ныв кæнын.
Къостайы нывтæ:
-
Дурсæттæг сывæллæттæ.
-
Тибердайы ком.
-
Цæлыккаты Аннæ.
-
Донхæссæг.
Къоста ныффыста тынг бирæ æмдзæвгæтæ сывæллæттæн. Абон мах байхъусдзыстæм уыцы æмдзæвгæтæм.
Фæззæг - кæсы Х.Дианæ
Дзывылдар - кæсы И.Аланæ
Сæрд - каксы С.Алан
Æрра фыййау - кæсы Х.Мераб
Скъоладзау - кæсы С.Лика
Чи дæ? - кæсы С.Тамерлан
Уасæг - кæсы Т.Лаура
Гино - кæсы С.Настя
Хъазт «Уасæг».
Æз уарзын дæу мæ Райгуырæн
Дæ урс хæхтæ, дæ фæз.
Дæ цъæх арвы бын райгуырдтæн
Дæ зæххыл хæссын рæз.
Зарæг: «Дзæуджыхъæу».
Я немало прошёл наших горных дорог
Был в Кассарском ущелье, в теснинах Дарьяла
И всегда без волнения смотреть я не мог
На Осетию нашу с крутых перевалов.
Песня «Коста - родной».
Къоста сидтис мæгуыр зæххкусæг адæммæ:
«Балцы зарæг»
Цæйут æфсымæртау
Радтæм нæ къухтæ
Абон кæрæдзимæ
Иры лæппутæ.
Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æнгомæй.
Танец «Пастухов»
Танец «Девичий»
Танец «Симд».
Къостайы тыххæй тынг хорз фыста Чеджемты Геор:
Зарджытæ сабитæн
Чи фыста, чи уыд,
Чи радта ирæттæн
Диссаджы чиныг?
Чи уыд, куыд чи уыд?
Уарзон Къоста
Саурихи, сауæрфыг
Сауцæст Къоста!
Зарæг: «Уарзон Къоста.»