- Учителю
- Инсценирование осетинской сказки куыдз, гаеды, хаераег аемае уасаег (старшая подготовительная группа)
Инсценирование осетинской сказки куыдз, гаеды, хаераег аемае уасаег (старшая подготовительная группа)
Аргъауы сценари
Бацæттæ йæ кодтой
46-æм рæвдауæндоны сывæллæттæ
инстр. Хетæгкаты Заремæ
Архайджытæ:
Нана - Бестæуты Аделинæ
Дада - Тебиаты Азæмæт
Хæрæг - Наниты Валерия
Куыдз - Засеты Азæмæт
Гæды - Чигойты Анжеликæ
Уасæг - Танделаты Илонæ
Нана: Ай диссаг нæу, диссаг, райсомæй раджы фестадтæн, зæгъын пецы арт бакæнон. Тагъд-тагъд кæртмæ рауадтæн, зæгъын сугтæ æрбадавон. Бауырнæд уæ, иу нæг суджы мур дæр дзы не`ссардтон.
- Дада,о дада!
Дада: Цы, кæныс цы?
Нана: Кæм дæ, кæм?
Дада: Цы хабар у? Кæй фос та бирæгъ ныццагъта?
Нана: Цæй фосы кой кæныс, цытæ дзурыс?
Райсомæй раджы кæртмæ рауадтæн, зæгъын сугтæ æрбадавон. Иунæг суджы мур дæр не`ссардтон.
Дада: Омæ йæ дæхæдæг нæ зоныс, дæхæдæг, нæ хæрæг базæронд бынтон.
Нана: Æз дæр бæргæ базæронд дæн, фæлæ мæ куыстытæ мæ хъуырæй уæлдæр.
Дада: Омæ ма иу гыццыл бафæрæз, Нана.
Нана: Алы бон дæр иу ныхас:
- гыццыл ма бафæраз, гыццыл ма бафæраз. Омæ уый кæд уыдзæнис кæд?
Дада: Мæнæ нæ хæрæг куы балхæнæм, уæд дзы уыдзæнис хос дæр, уæд дзы уыдзæнис дон дæр.
Нана: Хорз, хорз, Дада. Гъеныр та мын гыццыл фенцондæр.
Зарынц: Хæрæг базæронд бынтон
Нал у суг ласын йæ бон,
Ноджы тых улæфт кæны,
Æмæ куыстытыл тыхсы.
Нана: Цом æмæ мæ куыстытæ акæнон.
Дада: О, мæ дзæбæх хæрæг,
О, мæ хæдзар дарæг,
Бирæ суг мын фæластай,
Ныр дын мæ бон ницуал у,
Цу æмæ дæ амонд ссар.
Хæрæг: Ио! Ио! Ио! - фæцæуы.
Куыдз: Гъæу! Гъæу! Гъæу!
Дæ бон хорз, хæрæг!
Хæрæг: Æгас цу, æгас!
Куыдз: Кæдæм дæ фæндаг дарыс ахæм расугъд уалдзыгон бон?
Хæрæг: Мæстджын дæн, мæстджын.
Куыдз: Алчи уалдзæджы цъæх нæумæ бæллы, цы кодтай цы, хæрæг?
Хæрæг: Бирæ суг фæластон, бирæ хос фæластон. Ныр базæронд дæн, мæ бон нал у суг ласын , æмæ мæ хæдзарæй ратардтой.
Куыдз: Ма тыхс, хæрæг, мæныл дæр ахæм цау æрцыд.
Хæрæг: Цы кодтай, цы, куыдз?
Куыдз: Бирæ фос фæхызтон, бирæ фæцыдтæн фосы фæдыл, ныр базæронд дæн, мæ бон нал у фосы фæдыл цæуын, æмæ мæ хæдзарæй ратардтой.
Хæрæг: Ма тыхс куыдз, кæд нын исчи баххуыс кæнид.
Куыдз: Цом, цом!
Гæды: Мяу! Мяу! Мяу!
Уæ бон хорз!
Хæрæг, куыдз: Æгас цу, æгас!
Гæды: Кæдæм уæ фæндаг дарут?
Хæрæг, куыдз: Мæстджын `стæм.
Гæды: Цы кодтат, цы?
Хæрæг: Базæронд дæн, мæ бон нал у суг ласын æмæ мæ хæдзарæй ратардтой.
Куыдз: Базæронд дæн. Мæ бон нал у фосы фæдыл цæуын æмæ мæ хæдзарæй ратардтой.
Гæды: Уæдæ мæныл дæр ахæм цау куы æрцыди…
Куыдз: Гъæу! Гъæу! Цы кодтай, цы?
Гæды: Бирæ мыстытæ фæахстон, иунæг мыст дæр никуы бауагътон къæбицмæ. Ныр базæронд дæн æмæ иу бон иугыццыл афынæй дæн. Мыст цыхты былæй иу мур ахордта. Уый адыл мæ хæдзарæй ратардтой.
Куыдз: Гъæу! Гъæу! Гъæу!
Ма тыхс, гæды, цом махимæ, кæд нын исчи баххуыс кæнид.
Гæды: Цом, цом.
Уасæг: Хъу-хъæ-ри-хъу!
Уæ бон хорз!
Хæрæг, Куыдз, Гæды: Æгас цу, æгас!
Уасæг: Мæнæ цы диссаджы дзæбæх уазджытæ ис!
Цæй æнкъардæй цæут!
Хæрæг, Куыдз, Гæды: Мæстджын `стæм.
Уасæг: Цæуыл маст кеанут?
Хæрæг, Куыдз, Гæды: Базæронд стæм, нæ бон нал у уæззау куыст кæнын æмæ нæ хæдзарæй ратардтой.
Уасæг: Уый дын диссаг! Ма тыхсут, мæнæн тс стыр хæдзар. Рацæут, иумæ цæрдзыстæм, сабыргай хæдзары куыстытæ кæндзыстæм, хъæлдзæгæй кафдзыстæм.
Гæды: Бузныг, бузныг.
Куыдз: Гъæу! Гъæу! - æз дидинджытыл дон æркæнон.
Хæрæг: Æз та кæрт амæрзон.
Уасæг: Хорз, хорз.
Нана: Дада, цæй æнкъардæй бадыс?
Дада: Цы бакæнон, хæдзары куыдз нал ис, хæрæг нал ис, гæды нал ис, цæуыл цин кæнон…
Нана: Раст зæгъыс, Дада, нæ хæрæг кæд зæронд уыдис, уæд дæр сабыргай йæ куыст кодта.
Нана: Цом æмæ сæ ссарæм.
Дада: Цом, цом.
Мила! Гида!
Нана: Мæнæ ис мæ Мила, мæ Гида, мæ Хъилхъус. Рацæут нæхимæ, махæн дæр тынг æнкъард у æнæ сымах.
Хæрæг: Нана, уасæг нын тынг баххуыс кодта. Цæй æмæ йæ нæхимæ акæнæм.
Нана: Ракæнут, ракæнут уасæджы дæр, зарджытæ нын зардзæни.
Зарынц: Мила базаеронд бынтон
Нал у тынг раейын йае бон
Куыдздоны размае хуыссы
Каертыл раздаерау тыхсы.
Æмбисæндтæ:
-
Хордзинад рох кæнын нæ хъæуы.
-
Иумæ цард хъæлдзæгдæр у.
-
Хистæр хæдзары фарн у.
-
Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай.
-
Зæрондæн йæ фарн бирæ у.
-
Хистæрæн йæ фындз асæрф, æмæ йæ зондæй бафæрс.
-
Зæрондæн кад кæн, зон дæхи дæр уырдæм хъæуы.