7


  • Учителю
  • Тематическое занятие: Ирон аевзаджы баераегбон (средняя и старшая группы)

Тематическое занятие: Ирон аевзаджы баераегбон (средняя и старшая группы)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

















Ирон æвзаджы бæрæгбон.













Темæ: «Не`взаг - нæ хæзна»

























































15-æм май.





Дзæуджыхъæу 2014.

Темæ: «Не`взаг - нæ хæзна»

Нысан: Зонгæ кæнын сывæллæтты ирон æзвгимæ,мыртæ раст дзурын, фарстатæн æххæст, раст дзуæппытæ дæттын. Архайын баст ныхасыл кусын. Ахуыр кæнын ирон хъæзтытæ, æмбисæндттæ, уыци-уыцитæ, зарджытæ.

Æрмæг: Герб, тырыса, магнитофон, диск, Ирыстоны картæ, нывтæ,

халсартæ, дидинджытæ.

Дзырдуат: Тырыса, фæранк, зонд, æхсар, бæркад.

Баст ныхас: Мах цæрæм Цæгат Ирыстоны. Нæ тырысайæн ис æртæ

хуызы. Æз дæн ирон лæппу. Къоста - ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг. Нæ гербыл ныв ис - фæранк. Уый у тыхджын, фидар æмæ йæ адæмы хъахъхъæны.

Улæфты минут: Райсомæй нæ кæртмæ булæмæргъ тæхы.

Хъæлдзæг у зæрды зарджытæ кæны.

Æнгуылдзты Бады бæласыл дæс цъиуы.

гимнастикæ:

Уыци-уыцитæ: Рæсугъд чызг талынджы бады, йæ дзыкку та уынджы.

Сæрд уæлæмæ, зымæг та дæлæмæ.

Æртæ æфсымæрæн иунæг хо.

Мыртимæ куыст: Хъулон хъыбыл хъæмпыл хъазыд.

Сывæллæттæ залы астæу рæсугъд æрлæууыдысты:

  1. Цæй райдзаст у нæ бæстæ, зæронд кад,

Цæхæр цæст у йæ кæстæр, йæ зæхх - йæ мад.

  1. Цæрай нæ Ир, нæ бæстæ, стъалыйау хæрзконд,

Нæ кæстæртæ, нæ фæстæ, сæ кад *

куыд уа бæрзонд.

Зарæг «Дзæуджыхъæу».

- Сывæллæттæ, цавæр афæдзы афон у ныртæккæ?

- Цал мæйы ис уалдзæджы?

Æрцыд, ныллæуыд уалдзæг,

Æрцыд, ныллæуыд май,

Æрцыд нæ уарзон уалдзæг,

Ныллæуыд диссаг мæй.

Ныззарыд цъиу йæ зарæг,

Фыр цинæй зары уый.

Тæхудиаг нæ уалдзæг,

Дæуæй хуыздæр кæм ис.

- Раст зæгъут сывæллæттæ. Ныртæккæ у зæрдæвæрæны мæй. Зæрдæвæрæны

фынддæсæм бон алы аз дæр Ирыстоны адæм фæбæрæг кæнынц ирон æвзаджы бон.

- Цы ис зынаргъдæр мадæлон æвзагæй?

- Цы ис зынаргъдæр райгуырæн бæстæйæ?





Кæм нæ цæрынц нæ ирон адæм?

Цы зæххыл нæ ацыди сæ къах?

Сæ зæрдыл дарынц рухс Ирыстон

Нæ рох кæнынц Къостайы кад.

- Сывæллæттæ, зæгъут ма мын чи уыдис Хетæгкаты Къоста?

Къоста бирæ уарзта йæ Райгуырæн бæстæ, йæ адæмы. Къоста тох кодта мæгуыр фæллойгæнæг адæмы сæрыл æмæ сæм сидти рухс цардмæ.





«Цæйут æфсымæртау радтæм нæ къухтæ,

Абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ.

Скæнæм нæ тырыса дзыллæйы номæй

Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!»





Х. Къоста тынг бирæ бакуыста ирон æвзагыл, ныффыста тынг бирæ æмдзæвгæтæ. Ныртæккæ мах байхъусдзыстæм Къостайы æмдзæвгæтæм: «Гино», «Уасæг», «Сæрд», «Фæззæг», «Уалдзæг», «Сæныкк».

Ирыстоны цæры бирæ адæмы хæттытæ. Уыдонæй алчидæр дзуры йæхи

æвзагыл. Алкæмæн дæр ис йæхи тырыса, йæхи герб. Ирыстонæн дæр ис тырыса

æмæ герб. Нæ тырысайæн ис æртæ хуызы. Уыдон амонынц зонд, хъæбатырдзинад æмæ бæркад. Нæ гербы ис фыранкы ныв. Уый у тыхджын æмæ хъахъхъæны Ирыстоны адæмы.

Ирон æвзагыл ма бирæ бакуыстой Абайты Васо, Джыккайты Шамил, Баситы Мысост, Хъайтыхты Геор , Дауырæ, Кокайты Тотрадз.

Ныр та ахъазæм: Зайынц бæласыл фæткъуытæ, хуымы та уырыдзы.

Базон, базон уый та циу?

  1. Рæсугъд чызг талынджы бады, йæ дзыкку та уынджы?

  2. Æртæ æфсымæрæн иу хо.

  3. Сæрд уæлæмæ, зымæг дæлæмæ.

Ахъазæм ма, сывæллæттæ:

Базонут ма сын сæ нæмттæ: уарди, хуры дидинæг, зыр-зыргæнаг дидинæг.

Азæрæм сывæллæттæ: «Гæлæбу».

Байхъусут Наниты Валеримæ:

«Нæу мæнæн мæ бон зæгъын

Цас уарзын ирон æвзаг

Уымæн æмæ уый фæрцы

Базыдтон æз мады ад.

Аргъæуттæ мын ракæны

Зарджытæ мын зары

Дард балцы мæ акæны

Хуыздæрты æвзары.»





Ирон æвзаг, ирон фæндыр,

Цы ис рæсугъддæр уымæй,

Уадз кæмтты нæргæ хъуыса

Ирон æвзаг æнусмæ.

Иугыцыл та ахъазæм: «Чепена», бæндæнæй хъазт.





«Лæгæн зынаргъ куыннæ ваййынц йæ бинонтæ, йæ мад?

Лæгæн зынаргх куыннæ вæййы йæ рæзгæ бонты цард?

Фæлæ уæддæр ныййарæг зæхх, дæуæн æмбал кæм ис?

Дæуæй зынаргъдæр, адджындæр, зæгъ ма мын, чи у, чи?»





  1. Райгуырæн бæстæ зынаргъ у.

  2. Райгуырæн бæстæ адджын у.

  3. Райгурæн бæстæ мады ад кæны.





«Мад - расугъд ныхас,

мад фæлмæн ныхас,

Мад - нæ рæсугъд мад

Айс нæ арфæ, айс.»





Хонгæ кафт.

Нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ ис. Стыр бузныг, сывæллæтæ афтæ бирæ кæй уарзут нæ Райгуырæн бæстæ, афтæ хорз кæй дзурут ирон æвзагыл, афтæ расугъд кæй кафут, амондджынæй байрæзут!







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал