7


  • Учителю
  • Тематическое занятие: Уалдзыгон дидинджытае (подготовительная группа)

Тематическое занятие: Уалдзыгон дидинджытае (подготовительная группа)

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

























































46-æм рæвдауæндон «Дюймовочка»

Ирон æвзаджы хъомылгæнæг Хетæгкаты З.Н.





























Владикавказ 2016





Цель: Закреплять представления детей о весне.

Задачи: Углублять знания детей о приметах и признаках весны.

Продолжать работу над звукопроизношением «цъ», «къ». Развивать диалогическую речь, умение составлять предложение: «Уый вæййы», «Уый у».

Новые слова: тæргæйтты мæй, хуымгæнæны мæй, зæрдæвæрæны мæй, къоппа дидинæг, джыджына, дзæнгæрæгой, къаппа-къоппа.

Предв. работа: Чтение художественной литературы. Заучивание стихов, пословиц, поговорок, загадывание загадок, просмотр иллюстраций, беседа, наблюдение, игры.

Ход занятия:

Хъ.: Сывæллæтæ, мæнæ нæм цы диссадджы дзæбæх уазджытæ æрбацыди! Цы зæгъын хъæуы уазджытæн?

Сыв.: Уæ райсом хорз, нæ буц уазджытæ! Арфæгонд ут!

Хъ.: Сабитæ, хæстæгдæр ма æрбацæут æмæ зылды æрлæуут, кæрæдзимæ бахудут, уæ къухты хъарм кæрæдзийæн радтут. Ахъуыды ма кæнут, æмæ зæгъут уæ буц мадæлтæ уын райсомæй цавæр рæвдауæн, фæлмæн ныхæстæ фæзæгъынц?

Сыв.: - Дæ райсом хорз, мæ къона!

- Арфæгонд у.

- Дæ райсом хорз, мæ лæппу!

- Амондджын у.

- Дæ райсом хорз мæ зæрдæ!

- Зæрдырай у.

- Дæ райсом хорз мæ цæст!

- Цардæй æфсæст у.

- Дæ райсом хорз, мæ хур!

- Хорз дæ хай.

- Дæ райсом хорз мæ зæрватыкк!

- Бирæ мын фæцæр.









Сыв.: Райсомæй мæ сынтæджы

Мидбылхудгæ райхъал дæн,

Цæстытыл та ауайынц

Хъазæнтæ, рæвдауæндон

Уарзын æз рæвдауæндон

Хъæлдзæг уым æрвитын бон

Нал хъæуы мæн уырдæм хонын

Æз фæндаг мæхæдæг зонын.

Хъ.: Дзæбæхæй байрæз, мæ къона!





Звуковая зарядка: Сыв.: Къæвда уары,уары, уары,

Арвæй дæлæмæ дон лæмары

Схуылыдз `сты къухтæ, къæхтæ,

Схуылыдз `сты хъустæ, рустæ

Схуылыдз `сты цæстытæ, былтæ

Банымайæм мах дыгæйттæ,

Уыдонæн æдзух ис къæйттæ.

Хъ.: Сабитæ, абон нæ уазджытæ байхъусдзысты, куыд аив æмæ рæсугъд дзурут иронау.

Рифмовкæ: Сыв.: Дзур мæ къона, дзур иронау,

Азтæ атæхдзысты бонау,

Хорз лæг суыдзынæ кæддæр,

Бахъæудзæн дæ уæд йæ сæр,

Базон кафын æмæ зарын

Зон дæ адæмы æмбарын

Ма у не`гъдæуттæн `знаг

Уарз дæ мадæлон æвзаг!

Хъ.: Бузныг, сабитæ, стыр бузныг афтæ иузæрдион кæй `стут ирон æвзагыл.

Хъ.: Рæвдз, мæ къонатæ, мæ хуртæ,

Рæвдз, мæ коммæгæс хъæбултæ

Абадут мæ цуры

Тагъддæр аргъау та нæм дзуры.

Цардысты æмæ уыдысты цыппар æфсымæры. Æфсымæртæ уыдысты алыхуызæттæ, цы уындæй, цы хуызæй. Фыццаг æфсымæр уыдис тызмæг æмæ дардта урс. Дыккаг æфсымæр уыдис кусаг æмæ дардта цъæх-цъæхид дарæс. Æртыккаг æфсымæр уыдис тынг хъал æмæ дардта сырх-сырхид дарæс. Цыппæрæм æфсымæр та уыдис бæркадджын, рæдау æмæ дардта бур-бурид дæрæс. Фæцыдис уæ зæрдæмæ аргъау, сывæллæттæ?

Сыв.: О, фæцыдис.

Хъ.: Уæдæ ма мын зæгъут: цавæр æфсымæрты кой кæнæм? Сæ нæмттæ куыд хуыйнынц?

Сыв.: Зымæг, уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг.

Хъ.: Раст зæгътат, сывæллæттæ, уыдон сты цыппар афæдзы афоны, Зымæг, уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг. Сывæллæттæ, ныр та хæстæгдæр экранмæ рауайут, аив абадут.

Ног та сулæфыди зæхх

Быдыр ранæй-ран фæцъæх

Бæлас ракалдта сыфтæр

Хъуысы тракторы къæр-къæр.

Уый та кæд вæййы, сывæллæттæ?

Сыв.: Уый вæййы уалдзæджы.

Хъ.: Æмæ цал мæйы ис уалдзæджы?

Сыв.: Уалдзæджы ис æртæ мæйы.

Хъ.: Ранымайут ма сæ, мæ къонатæ.

Сыв.: Тæргæйтты мæй, хуымгæнæны мæй, зæрдæвæрæны мæй.

Хъ.: Иу хатт ма сæ зæгъут. Ныртæккæ та кæцы мæй у?

Сыв.: Ныртæккæ у хуымгæнæны мæй.

Хъ.: сывæллæттæ, ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут, цавæр ивддзинæдтæ æрцыди уалдзæджы мидæг?

Сыв.: Хур кæсы æмæ тавы, бон фæдаргъ, уары къæвда, кæрдæг фæцъæх, бæлас къуыбар ракалдта, дыргъ-бæлæстæ дидинæг ракалдтой, фæзындысты уалдзыгон дидинджытæ, цъиутæ æрбатахтысты.

Хъ.: Цавæр цъиутæ æрбатахысты?

Сыв.: Æрбатахтытсы æрбатæхгæ цъиутæ.

Хъ.: Ранымайут-ма сæ, мæ къонатæ.

Сыв.: Сау цъиу, зæрватыкк, дзывылдар, къадз, хърихъупп.

Хъ.: Зæг-ма иухатт: хърихъупп, зæрватыкк. Зæгъ-ма, Аланæ, Заур, Лизæ.

Фæзындысты гæлæбутæ, хъæндилтæ, мæлдзгуытæ, мыды бындзтæ, бындзытæ.

Цавæр куыстытæ ма кæнынц зæххкусджытæ быдыры?

Сыв.: Быдыры трактор хуым кæны.

Хъ.: Цы кусы трактор, Элинæ? Зæгъ-ма Лиза? Зæгъ-ма Дианæ?

Хуымы та цы садзынц?

Сыв.: Хуымы та садзынц картоф, цæхæра, уырыдзы, хъæдындз, нуры, къабуска, нас, джитъри, пъæмидор.

Хъ.: Цы ма садзы быдыры?

Сыв.: Мæнæу, нартхор, хъæбæрхор.

Хъ.: Раст зæгътат, сывæллæттæ. Ацы нывы та цы уынæм, сывæллæттæ?

Сыв.: Хъæддаг сырдта дæр райхъал сты, арс, зыгъарæг, уызын.

Хъ.: Стыр бузныг, сывæллæттæ, тынг хорз радзырдтат уалдзыгон æрдзы ивддзинæдтæ. Дарддæр мах нæ куыст кæнæм. Æз зонын ахæм æмбисонд:

- Чи цас фена, уый бæрц зоны,

- Хорзы кой дардыл хъуысы,

- Уалдзæг магусайы удхæссæг,

- Уалдзыгон бон афæдз дары,

- Уалдзæг къæвдайæ фидауы,

- Цы байтауай, уый æркæрддзынæ,

- Рæсугъд уалдзæг - хъæздыг фæззæг,

- Уалдзæг дидинæгæй рæсугъд у,

- Уалдзæг цъиуты зардæй хъæлдзæг у.

Хъ.: Сывæллæттæ, абоны ахуыры мах бæлвырддæр базонгæ уыдзыстæм уалдзыгон дидинджытимæ. Уыци-уыцитæ:

- У гыццыл æмæ рæсугъд

Хъæды зайы арæх

Урс миты бынæй ыскаст

Йæ гыццылмæ йын ма кæс.

Сыв.: Уый у малусæг.

Хъ.: Раст загътат, уый у фыццаг уалдзыгон дидинæг - малусæг. Уалдзæджы миты бынæй уайтагъддæр йæ сæр ысдары. Кæм зайы малусæг?

Сыв.: Хъæды.

Хъ.: Йæ хуыз та цавæр у?

Сыв.: Урс-урсид.

Хъ.: Тонæн та йæ ис?

Сыв.: Нæй, сырх чиныджы хаст у.

Хъ.: Базон, базон уый та циу

У тымбыл æмæ рæсугъд,

Бур-бурид йæ дарæс,

Уайтагъд раивы йæ къаба

Урс-урсидæ ракас.

Сыв.: Уый у къаппа-къоппа.

Хъ.: Бузныг, сывæллæттæ, раст загътат. Уый у къаппа-къоппа. Ацы уалдзыгон дидинæг та хуыйны - джыджына. Джыджына зайы хъæды. У рæсугъд æмæ тынг дзæбæх тæф кæны, ис ын уидаг, ис ын зæнг. Йæ дидинæджы хъæдыл зайы бирæ дидинджытæ. Цавæр сты?

Сыв.: Урс-урсид.

Хъ.: Сты стыр æмæ фæтæн, сæ хуыз у цъæх.

Ацы уалдзыгон дидинæг та хуыйны къоппа дидинæг. Ракæсут-ма, сывæллæттæ. Зайы цæхæрадоны. Ис ын уидаг, йæ уидаг у тымбыл, цæ хуыз морæ, раст хъæдындзы хуызæн, æрмæст йæм куы бавналай, уæд у дæрзæг. Къоппа дидинæгæн ис даргъ лыстæг зæнг, йæ хуыз та у цъæх, кæрдæгхуыз цъæх. Ис ма йын сыфтæ. Йæ сыфтæ сты дæргъæццон, фæтæн, цъæх-цъæхид, сты къухæй лæгъз. Йæ дидинæг у стыр æмæ рæсугъд, сырх-сырхид. Тынг бирæ уарзы дон. Æхсæв дидинæг æрбытымбыл вæййы, бон та байгом вæййы. Къоппа дидинджытæ вæййынц алыхуызæттæ: урсытæ, буртæ, сырхытæ. Къоппа диднджытæ лæвар кæнынц бæрæгбоны, гурæнбоны. Къоппа дидинджытæ садзынц нæ горæты уынгты.

Кæм ма зайынц?

Сыв.: Парникты, сæрибары фæзы, рæвдауæндæтты кæртты.

Хъ.: Цæмæн сæ садзынц?

Сыв.: Цæмæй нæ горæты уынгтæ рæсугъд уой, адæмы зæрдæтæн циндзинад хæссынц.

Хъ.: Бузныг, сывæллæттæ, тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ уæ радзырдтæ, бирæ зонут уалдзыгон дидинджыты тыххæй, кæм зайынц, цы пайда хæссынц адæмæн.

Ныр та ахъазæм: иу æмæ бирæ:

иу къоппа дидинæг - бирæ къоппа дидинджытæ

иу къаппа-къоппа - бирæ къаппа-къоппатæ

иу джыджына - бирæ джыджынатæ

иу малусæг - бирæ малусæгтæ.

Хъ.: Бузныг, сывæллæттæ, тынг раст дзуæппыттæ радтат. Ахъазæм та, сабитæ. «Чи тагъддæр сымбырд кæндзæн дидинæг?»

- Дианæ, дæумæ та цавæр дидинæг ис?

- Арсен, дæумæ та?

- Сослан, раст æмбырд кодтай?

- Аланæ дæумæ та цæвæр дидинæг ис?

Бузныг, сывæллæттæ, иууылдæр раст сæмбырд кодтат дидинджытæ. Зæгъут-ма, мæ къонатæ, абоны ахуыры уæ зæрдæмæ цы тынгдæр фæцыди?

Сыв.: - Мæнæн фæцыди мæ зæрдæмæ къаппа-къоппа.

- Æз та уыци-уыцитæ уарзын.

- Æз бирæ уарзын дидинджытæ.

Хъ.: Бузныг, сывæллæттæ, сымах стут нæ царды дидинджытæ æмæ нын амондджынæй байрæзут!

Зарæг: «Малусæг»

Хъ.: Нæ уазджытæн зæгъæм «Хæрзбон». Стыр бузныг.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал