7


Времена года. Осень. 5 класс.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темæ: Фǽззабег-дǽсны нывгǽнǽг.





Урочы нысан: 1.ǽрмǽгыл ǽрдзурын, ныффидар кǽнын.

2.ныхасы рǽзтыл бакусын.

3.ǽрдзы рǽсугъддзинад ǽнкъарын.



Урочы цыд: 1.Организацион хай.

2.Сǽйраг хай.

3.Ног ǽрмǽг.



1.Сбǽрǽг кǽнын хǽдзармǽ куыст.



1.Аргъау «Нывгǽнджытǽ» кǽсын, тǽлмац кǽнын.



2.14-ǽм фǽлтǽрǽн . Тексты ссар ацы хъуыдыйǽдты тǽлмǽцтǽ. Ныффысс сǽ тетрады.



На свете живутчетыре могучих брата…Они любят рисовать. А рисуют они на одном холсте. Как-то ранним утром младший из братьев Уалдзаджико, вышел в огород. С утра до вечера рисовал…Устал и уснул.В это время проснулся его старший брат Сардакиз.Выбежал в огород. Там он увиделрисунки младшего брата и внимательно рассмотрел их.





2.Ног ǽрмǽг. Фǽззабег-дǽсны нывгǽнǽг.

1. ИКТ-равдисын фǽззǽджы нывтǽ, алы слайдǽн дǽр кǽнын коментари.

2. Аудировани. Байхъусын дискыл фыст текст фǽззǽджы тыххǽй.(2 хатты).

Фǽрстытǽ текстмǽ: _Цавǽр афǽдзы афоны кой кǽны диктор?

_Тексты цы бамбǽрстат?

_Рǽстǽг йǽхи куы аивы?

_Сымах та цавǽр афǽдзы афон уарзут?



Ахуыргǽнǽг: Сывǽллǽттǽ, уǽдǽ ныр та рахизǽм нǽ бабоны урочы

темǽмǽ.



3.Фǽйнǽгыл фыст дзырдтǽ: баивын -поменять;заменить,обменять,

мǽсты -злой;сердитый:расстроенный,

мǽсты уǽвын -быть злым; сердитым ,

мǽстыгǽр -вспыльчивый,

мǽсты кǽнын - злиться, сердиться.

(дзырдтǽ бакǽсын, сǽ растдзурынадыл бакусын, ныффидар кǽнын).



3. Дарддǽр байхъус аргъаумǽ. Бакǽс ǽй. Зǽгъ, цымǽ цавǽр нывтǽ кǽны Фǽзабег та.



Бирǽ фǽкаст Фǽззабег йе фсымǽры конд нывтǽм, фǽлǽ йǽ зǽрдǽмǽ нǽ фǽцыдысты.

«Мǽнмǽ гǽсгǽ, хур йǽ бынаты нǽй. Нǽ йǽ хъуыдис арвы астǽу ауындзын. Стǽй йе фсымǽртǽ ацы цъǽх ахорǽныл цы ныззǽгǽл сты, уый бǽрǽг сын нǽй? Бǽстǽ иууылдǽр- цъǽх! Мǽнмǽ гǽсгǽ,хуыздǽр уаид, сǽ цъǽх ахорǽн сын бурǽй куы баивин, уǽд»,- ахъуыды кодта Фǽззабег.

Райдыдта Фǽззабег нывтǽ йǽхирдыгонау аразын. Фыццаджыдǽр цъǽх ахорǽн раивта бурǽй. Уый фǽстǽ бǽлǽстǽй систа дыргътǽ. Сǽ сыфтǽ сын бурǽй сахуырста ǽмǽ сǽ бахус кодта. Стǽй сǽ зǽхмǽ ǽрызгъǽлдта.

Фехǽлдта уыгǽрдǽны дидинджытǽ. Ныууагъта ма дзы иуǽй-иутǽ. Рǽсугъддǽр цы цъиутǽ зарыдис, уыдоны фǽсырдта. Дыргъдон ǽрынкъард ис. Хуымты тыллǽг йǽ зǽрдǽмǽ тынг фǽцыдис ǽмǽ ма йыл йǽхǽдǽг дǽр бафтыдта. Сныв дзы кодта бирǽ кусǽг адǽм. Стǽй бынтон сбǽгънǽг кодта ǽппǽт быдыртǽ дǽр. Ныууагъта ма дзы ǽрмǽстдǽр халǽттǽ ǽмǽ дыгоппон цъиуты.

Нывгонд фǽцис Фǽззабег. Фǽстаг хатт ма нывмǽ йǽ уазал цǽстытǽй ныккастис. Бауагъта йǽм йǽ зǽрдǽйы уазалдзинад, лыстǽг сǽлфынǽгǽм сарǽзта- тынгдǽр ǽрттива, зǽгъгǽ.

-Ныв кǽнынмǽ мǽхи хуызǽн ничи арǽхсы! Цǽуон ǽмǽ мǽ ныв мǽ хистǽр ǽфсымǽр Зымǽханǽн балǽвар кǽнон,-загъта Фǽззабег ǽмǽ ацыдис.



3. Фǽрстытǽн дзуапп дǽттын.



-Фǽззабеджы зǽрдǽмǽ цǽуылнǽ фǽцыдысты йе фсымǽры конд нывтǽ?

- Фǽззабег куыд аивта нывтǽ. Цавǽр ахорǽнтǽй сǽ сахуырста?

-Фǽстаг хатт цавǽр цǽстǽй бакаст йǽ конд нывтǽм?

-Кǽмǽн балǽвар кодта йǽ ныв?





4. Фǽлтǽрǽнтимǽ куыст.



4-ǽм фǽлтǽрǽн. (тексты ссар ацы хъуыдыйǽдты тǽлмац ǽмǽ сǽ рафысс. Уыдонмǽ гǽсгǽ дǽхи бацǽттǽ кǽн, Фǽззабег дǽсны нывгǽнǽг кǽй у,уый тыххǽй радзурынмǽ).



Фаззабег начал переделывать рисунки по-своему. Первым делом зеленую краску поменял на желтую. После этого убрал с деревьев фрукты. Покрасил листья в желтый цвет и высушил… Затем стряхнул их на землю. Убрал с лугов цветы… Прогнал птиц. И сад загрустил. Ему очень понравился урожай полей…

Нависовал много работающих на них людей. Затем оголил все поля. Оставил только ворон и удодов.

5.Урочы хатдзǽгтǽ.

_Ногǽй цы базыдтат абоны урочы?

_Фǽззǽджы фǽстǽ та цавǽр афǽдзы афон ралǽууы?

_Рǽстǽг йǽхи куы аивы?



6. Бǽрǽгǽнǽнтǽ.



7. Хǽдзармǽ куыст.

Аргъаумǽ гǽсгǽ сараз нывджын киноныв «Нывгǽнджытǽ». Нывты бын цыбырǽй ныффысс сǽ мидис(цалдǽр хъуыдыйады. Уыдонмǽ гǽсгǽ радзур аргъау. Спайда кǽн ног дзырдтǽй.

  1. Сǽрды ныв- 3 скъоладзауы,

  2. Фǽззǽджы ныв- 3 скъоладзауы,

  3. Зымǽджы ныв-3 скъоладзауы.

  4. Уалдзǽджы ныв- 3 скъоладзауы.

.

3



 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал