- Учителю
- «Виртуалон экскурси Третьяковы галереймæ».
«Виртуалон экскурси Третьяковы галереймæ».
Габараева Диана Радионовна
учитель осетинского языка и литературы,
МБОУ СОШ №3
г. Владикавказ
РСО - Алания
Научно- методическая разработка урока
в 5 классе
(для учащихся, изучающих осетинский язык как второй)
Урочы темæ: «Виртуалон экскурси Третьяковы галереймæ».
Грамматикон темæ: Мивдисæг «уæвын»-ы формæтæ.
Урочы нысантæ:
1.Ныхасы рæзтыл бакусын. Хъуыды кæын, анализ кæнын æмæ фæлгоцтæ аразыныл фæцалх кæнын ахуырдзауты.
2.Мивдисæджы тыххæй зонындзинæдтæ бафидар кæнын, хъуыдыйæдтæ аразыныл бакусын.
3.Сæрыстырдзинад гуырын кæнын нæ бæстæйы аивадон культурæмæ æмæ сфæлдисын эстетон цæстæнгас æцæг аивадон уацмыстæм.
Урочы хуыз: интегративон.
Урочы цыд:
-
Орг. хай (бацæттæгæнæн рæстæг)
-
Мотивацион уавæр.
Скъоладзау: Алы адæймаг дæр йæ бæстæйы æмæ адæмы истории базонынæн бакæсы бирæ чингуытæ кæнæ ацæуы музейтæм. Æрæджы мах дæр уыдыстæм.
Ахуыргæнæг: Æрлæууын ма кæнæм нæ балц нæ зæрдыл. ( идет показ слайдов с классом на экскурсиях « Музеи нашего города»)
Скъо-тæ цыбыр хъуыдыйæдтæй пайда кæнынц æмæ дзурынц музейты тыххæй.( Къостайы, Тугъанты М., Националон музей)
Урочы æрмæгыл куыст.
Ахуыргæнæг: -Бирæ диссæгтæ федтам. Иухатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цы нысан кæны дзырд «музей»? (бердзейнаг дзырд «музеон»…)
-Цавæр дзырдтæ ма ис бабæттæн йемæ?(Меценат, экспонат,архив,коллекции)
Скъоладзаутæ дæттынц цыбыр терминтæ-характеристикæтæ уыцы дзырдтæн.
-Мæнæ нын уæдæ Лиля дæр бацæттæ кодта иртасæн куыст «Дунейы зындгонд музейтæ» æмæ ма йæм байхъусæм.( ее презентация).
-Куыд уæм кæсы, абон цавæр музейыл дзурдзыстæм?
Скъо-тæ: Третьяковы музейыл.
Ахуыргæнæг: Æмæ йæ цæмæн хонынц афтæ?
Скъо-тæ: Бындур ын æрæвæрдта Павел Михайлович Третьяков.
Ахуыргæнæг: Хæдзармæ куыст- Третьяковы биографи лæууын кæнæм нæ зæрдыл. Кусæм къордтæй( кæрæдзимæ дæттынц фарстатæ).
Скъоладзаутæ
-Кæд райгуырд П.М.Т.?
-Цавæр бинонты?
-Ахуырад кæм райста?
-Кæмæн æххуыс кодта?
-Цы уыди сæ бинонтæм?
-Цы уарзтой Третьяков æмæ йæ бинойнаг Верæ?
-Цавæр уыд П.М. стырдæр бæллиц?
Ахуыргæнæг: -Æмæ нæ абоны темæ у … . Мах ныртæккæ цæуæм виртуалон экскурсийы Мæскуымæ,Третьяковы галереймæ.
Ныр та уал баулæфæм (демонстрируются лучшие картины Третьяковской галереи под музыку Франца Шуберта «Баркаролла» для форт-но и виолончели)
-Нæ экскурсийы размæ æрлæудзыстæм текст æмæ ног дзырдтыл. Уыдон нæ хъæудзысты нæ дарддæры куысты.(слова в презентации, работа идет над произношением, ударением и составлением словосочетаний)
Кусæм мивдисæг «Уæвын»-ы формæтыл.
-Цавæр формæтæ ма зонæм?(повторяем хором)
-Ирон æвзаджы æнæмæнг хъæуы пайда кæнын ацы мивдисæгæй? (примеры:Æз дæн радгæс.-Я дежурный.)
-Цавæр æвзаджы ма дзы пайда кæнæм?( англисаг: I am schoolboy.-am_дæн и т.д.)
-Текст кæсын æмæ лæмбынæг хъусæм.
Третьяковы галерей.
Мæскуыйы ис иу зæронд уынг- Лаврушинский. Уым æрбынат кодта Третьяковы галерей. Адæм æм цæуынц мингæйттæй.
Галерейы бындур æвæрд æрцыд 1856 азы. Æрыгон Павел балхæдта фыццаг нывтæ. Уыдон уыдысты йæ рæстæджы нывгæнджыты куыстытæ: «Искушение»(Г.Шильдора) æмæ «Стычка с финляндскими контрабандиста»(Г.Худякова).
Галерей у уырыссаг национ хæзна. Ис дзы 62 залы.
Фыццаг æвдыст цæуынц 11-17 æнусы нывтæ(иконы). Дарддæр 18 æнусы зындгонд дæсныты куыстытæ, уыдонимæ портреты галерей дæр.
19 æнус æвдыст цæуы Передвижникты нывтæй.
Адæмон сфæлдыстад æмæ уæды æрыгон нывгæнджыты куыстытæ дзы ахсынц хицæн бынат. Ацыаз Третьяковы музейыл æххæст кæны 160 азы. Уый лæууы стырдæр музейты æмрæнхъ.
Ахуыргæнæг:-Цæй кой цæуы тексты?(тæлмац кæнæм цалдæр дзырдбасты хауæнтæй пайдагангæйæ)
-Ныр нын лæмбынæгдæр бамбарын кæндзысты нæ текст нæ экскурсоводтæ; (их 2- по одному ученику с каждой группы, они ведут экскурсию по всему музею, текст сопоставляется со слайдами).
-Подробней останавливаемся на 2 картинах и собираем их в виде мозайки. Работаем парами.(«Утро в сосновом бору» и «Богатыри»)
Ахыргæнæг:-Цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ ис бабæттæн ацы нывтимæ?
Заканчивается работа с текстом и презентацией.
Урочы хатдзæгтæ:
-Абон уыдыстæм Мæскуыйы,Третьяковы галерейы.
-Цавæр нывтæ æмæ нывгæнджыты зыдтат уæхæдæг нæ урочы агъоммæ? ….
-Цавæртимæ базонгæ стут абон? …..
-Алы адæймаджы дæр фæфæнды Мæскуыйы уæвгæйæ исты музеймæ кæнæ галереймæ бацæуын. Цæмæн? (Уыдон сты нæ бæстæйы хæзнатæ)
-Цæмæн у галерей хæзнадоныл нымад?(Уым æвдыст цæуы адæмы истории æмæ культурæ)
-Уæдæ цæмæй райдыдтам,уымæ æрæздæхтыстæм ныр дæр.
-И еще небольшой сюрприз для вас. Мой классный руководитель живет и работает в Москве. Она вам отправила видео сообщение из Лаврушинского переулка.( Она благодарит за проведенную работу,за исследовательский труд ,проводит еще раз нас по всем составляющим Третьяковской галереи и приглашает в Москву на настоящую экскурсию.)
-А вот вопросы от Натальи Георгиевны: вопросы на слайде-К чему приурочили открытие памятника Третьяковскому П.М.? и В 1924 году директором галереи стал знаменитый архитектор, который был автором Мавзолея Ленина и Казанского вокзала, куда прибывает наш Северо-Осетинский поезд. Кто он?
-Æмæ ма иу хадзармæ куыст; саразын диалог текст æмæ презентации бындурыл.
-Ныр та уын стыр бузныг. Иухатт ма уын арфа кæнын æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы æцæг экскурсимæ ацæуын,бирæ бæстæтæ фенын, уæ миддуне хъæздыгдæр æмæ фæарфдæр кæнын.
-Хæрзбон.