- Учителю
- Конспект урока по осетинскому языку по пройденному материалу (8 класс)
Конспект урока по осетинскому языку по пройденному материалу (8 класс)
Кълас: 8 А, Б, В, Г, Д
Темӕ: Рацыд ӕрмӕг фӕлхатын
Урочы нысантӕ:
1. Фӕлхатын рацыд ӕрмӕг, зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын рацыд грамматикон темӕтӕ; ныхасы рӕзтыл куыст;
2. Рӕзын кӕнын скъоладзауты логикон хъуыдыкӕнынад;
3. Гуырын кӕнын скъоладзаутӕм уарзондзинад ирон ӕвзагмӕ ӕмӕ тырнындзинад дзурын иронау.
Урочы ифтонгад: презентаци;
карточкӕтӕ
Урочы хуыз: урок-балц
Урочы цыд:
I. Организацион хай:
Сбӕрӕг кӕнын скъоладзауты цӕттӕдзинад урокмӕ.
II. Рацыд ӕрмӕг фӕлхатын:
1. Фонетикон хæслæвæрд:
Тагъддзуринаг:
-
Хъымыхъхъыгæн, хъæлмыхъагæн, Хъахъхъæдуры хъæдгæсæн хъаматæ скодта Хъаурбег.
Бамбарын кæнын тагъддзуринаг, фыццаг кæсы ахуыргæнæг, стæй ахуырдзаутæ иууылдæр иумæ, уый фæстæ иугай.
2. Орфографи.
1) Сраст кӕн рӕдыдтытӕ:
Мӕргъттӕ, хӕслӕвӕрддӕ, зарджытӕ, хъӕласттӕ, кӕрӕтӕ, бирагъттӕ, чызджыттӕ, аргъӕутӕ, къуыбӕртӕ, митгӕлӕбутӕ.
3. Лексикӕ.
а) Карточкӕтыл ирон дзырдтӕ. Архайынц дыууӕ скъоладзауы. Иу ӕмбарын кӕны карточкӕйы цы дзырд ис, уый, иннӕ хъумӕ базона цы дзырд ӕмбарын кӕны, уый.
Карточкӕ:
дӕсны
митгӕлӕбу
хӕцӕнгарз
нывгӕнӕг
уари
фурд
бӕрӕгбон
дзоныгъ
Митын Дада
их
митын къуыбар
тымыгъ
арс
фӕлмӕн
хъазт
къахдзоныгътӕ
</
4. Грамматикæ.
1. Сæвæр хъæугæ ран бæттæг дзырдтæ кæй - уый .
а) Хæфсытæ ____ бамбæрстой _____, тæрхъус____ æрбацыди____;
æ) Уæртджын хæфс ____ бамбæрста ____, сырдтæ ____ йæ кой кæнынц____.
Цавæр хъуыдыйæдтæ сты?
2. Сараз домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ (условное придаточное). Бæттæг дзырдтæ бакæн тымбылæджы .
а) Уæртджын хæфс кæд æрæгмæ цæуа, уæд сырдтæ … (смæсты сты).
æ) Зымæг кæд фæуа …
5. Зæгъ иронау (фæлхатын бадзырдон здæхæн):
а) - Пусть идет на улицу.
- Сперва пусть … .
æ) - Пусть не говорит на другом языке в доме.
б) Пусть счастье и благополучие приходят в дом!
IV. Хæдзармæ куыст.
Фæлхатын рацыд æрмæг:
-
номдарты растфыссынад бирæон нымæцы;
-
домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ;
-
мивдисæджы здæхæнтæ.
V. Хатдзæгтæ æмæ кæронбæттæн.