7


  • Учителю
  • Открытый урок на тему Ныййарӕг мадӕн йӕ зӕрдӕ макуы фӕриссын кӕн..

Открытый урок на тему Ныййарӕг мадӕн йӕ зӕрдӕ макуы фӕриссын кӕн..

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

Урочы темӕ:Ныййарӕг мадӕн йӕ зӕрдӕ макуы фӕриссын кӕн.

Грамматикон темӕ:Номдарты дзырдарӕзт разӕфтуанты ӕмӕ фӕсӕфтуанты руаджы.

Урочы нысантӕ:

1.Номдарты дзырдарӕзты мадзӕлттӕ бацамонын,номдартӕ дзырдарӕзтон ӕвзӕрст кӕныныл ахуыр кӕнын.

2.Бакусын дзургӕ ныхасы рӕзтыл.

3.Ныййарӕг мадӕн аргъ кӕнын,табу кӕнын,ӕххуыс кӕнын.









Урочы эпигрӕф:

«Цӕрӕнбонты кад кӕн уыцы

сылгоймагӕн,кӕцыйӕн йӕ ном у Мад»

Урочы цыд.

①.Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

1.Мотивацион уавӕр.

Ахуыргӕнӕг:Сывӕллӕттӕ,арӕх ис фехъусӕн: «йӕ чемы нӕу»,зӕгъгӕ.Никуы уӕ ничи фехъуыста ацы дзырд?Цы у ,цымӕ «чем»?

(уырыссагау-настроение)

Ахуыргӕнӕг: Зӕгъут-ма,абон нӕ урочы «нӕ чемы уӕвын бахъӕудзӕн?(……)Уӕдӕ нӕ урок райдайӕм нӕ чемыл куыд уӕм,афтӕмӕй.Уымӕн та нын ис Худындзӕг(смайлик-хур).

(1 слайд)

Худындзӕг уарзы худгӕйӕ ӕмӕ хъазгӕйӕ цӕрын.Фӕнды мӕ, цӕмӕй мах дӕр кӕрӕдзимӕ бахудӕм ӕмӕ уыцы мидбылхудтимӕ арвитӕм нӕ урок.

-Сывӕллӕттӕ,абон кусӕм къордтӕй,ис нӕм 4 къорды.Уӕ разы алкмӕндӕр ис сыфтӕ-бланктӕ.Уыдон абон уыдзысты уӕ тетрӕдтӕ.Уӕ куыстӕн аргъ кӕндзыстут баллтӕ ӕвӕргӕйӕ.Уыдонӕй уӕлдай ма ,уӕ бон у бакусын смайликтӕ дӕр.

(алчидӕр йӕ бланкы фыссы йӕ ном ӕмӕ мыггаг)

②-Райдайӕм нӕ куыст грамматикон темӕ сбӕрӕггӕнгӕйӕ.

(бланкты 1 хӕслӕвӕрд алфавитмӕ гӕсгӕ дамгъӕтӕ амбырд кӕнын ,цӕмӕй дзы рауайа нӕ грамматикон темӕ)





20

21

19

7

1

24

26

40



н

о

м

д

а

р

т

ы



9

39

24

7

1

24

2

13

26

дз

ы

р

д

а

р

ӕ

з

т





-Фӕлӕ уый ӕххӕстӕй нӕма у нӕ темӕ.Уазӕгуаты нӕм ӕрбацыдысты иннӕ къласӕй уазджытӕ-дзырды хӕйттӕ.Базонӕм ма сӕ чи сты.

(дзурынц 3 дзырды хайы)

-Грамматикон темӕ сбӕрӕг кодтам(Номдарты дзырдарӕзт разӕфтуанты ӕмӕ фӕсӕфтуанты руаджы) ӕмӕ йӕ афыссӕм нӕ бланкты.

③- Ныр та сбӕрӕг кӕнӕм нӕ ныхасы темӕ.Бакӕсӕм презентацимӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сбӕрӕг кӕндзыстӕм кӕй кой кӕндзыстӕм ,уый.

(сывӕллӕттӕ хъуамӕ сарӕхсой зӕгъын,абон нӕ ныхасы темӕ ныййарӕг мадыл кӕй уыдзӕн)

-Эпигрӕфӕн райстон ахӕм рӕнхъытӕ: «Цӕрӕнбонты кад кӕндзыстӕм уыцы сылгоймагӕн,кӕцыйӕн йӕ ном у Мад»

(бафӕрсын сывӕллӕтты куыд ӕмбарынц ӕмбисонды мидис,равзарын ӕй ахуыргӕнӕгимӕ)

④-Сывӕллӕттӕ ,сбӕрӕг кодтам нӕ грамматикон темӕ ӕмӕ ныхасы темӕ.Ныр та нӕ бланктыл ӕркастыстӕм нӕ урочы нысантӕм.

(1)Номдарты дзырдарӕзт разӕфтуанты руаджы базонын.

2)Номдарты дзырдарӕзт фӕсӕфтуанты руаджы базонын.

3)Номдартӕ дзырдарӕзтон(морфемон) ӕвзӕрст кӕныныл ахуыр кӕнын.

4)Ныййарӕг мадӕн аргъ кӕнын,табу йын кӕнын,ӕххуыс ын кӕнын.)

-Ацы нысантӕ нӕ къухы хъуамӕ бафтой урочы кӕронмӕ.

⑤-Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм Номдар.

(4 къордӕй алчидӕр кластер хъуамӕ баххӕст кӕна)

Номдар(кластер)

Открытый урок на тему Ныййарӕг мадӕн йӕ зӕрдӕ макуы фӕриссын кӕн..





⑥-Сывӕллӕттӕ,абон базонгӕ уыдзыстӕм ног дзырдимӕ дӕр, уый у -чыргъӕд-(корзина)

(фӕйнӕгыл йӕ ныв)

-Чыргъӕдтӕ нӕ бахъӕудзысты ног темӕ ныффидар кӕнынӕн.Хъуамӕ уыдон дӕр байдзаг уой,афтидӕй ма баззайой.

Ӕмбисӕндтыл бакусын(2 ,3,4 слайд)

⑦Текстимӕ куыст( «Ӕфхӕрӕн дзырд»)

1.Бакӕсын ӕй.

2.Йӕ сӕйраг хъуыды йын сбӕрӕг кӕнын(цӕуыл нӕ ахуыр кӕны)

3.Ӕмбисӕндтӕй кӕцытӕ хауынц текстмӕ.

4.Алы къорд дӕр тексты агуры 3 номдары ӕмӕ сӕ бирӕон нымӕцы сӕвӕрын.

5.Синквейн скӕнын текстӕн.

6.Нывтӕй кӕцы хауы текстмӕ хӕстӕгдӕр?

Ӕфхӕрӕн дзырд(обидное слово)

Иу лӕппу йӕ мадмӕ рамӕсты ӕмӕ йӕм ӕвзӕр сдзырдта,тынг ӕй бафхӕрдта(обидел). Мад тынг фӕкуыдта.Фырт хорзау нал уыд,фӕлӕ ницы сдзырдта. Ӕхсӕв ӕй хуссӕг нал ахста,тыхсти,йӕ мады зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта,ууыл.

Рацыд цалдӕр азы . Лӕппу бахъомыл. Йӕхи дард балцмӕ цӕттӕ кӕны. Ацӕуыны размӕ йӕ мадӕй хатыр куры:

-Ныббар мын, иу хатт дӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ бафхӕрдтон(обидел).

-Хатыр дын фӕуӕд, мӕ хъӕбул, -арф ныуулӕфгӕйӕ загъта мад.

-Ферох ӕй кӕн , курын дӕ.

Мадӕн йӕ цӕссыгтӕ фемӕхстысты, йӕ фыртмӕ дзуры:

-Бӕргӕ , куы йӕ ферох кӕнин, фӕлӕ мӕ бон нӕу. Ӕфхӕрӕн дзырд карды цӕфӕй ӕвзӕрдӕр у: карды цӕф байгас вӕййы, ӕфхӕрӕн дзырд цы рыст ӕрхӕссы, уый та нӕ рох кӕны.

( «Мады зӕрдӕ хурӕй хъармдӕр у»

«Материнское сердце в детках,а детское в камне»

«Мады зӕрдӕ скъахын ӕнцон у,сдзӕбӕх кӕнын та йӕ у зын»





⑧Ног ӕрмӕг.

-Сывӕллӕттӕ,разӕфтуанты ӕмӕ фӕсӕфтуанты руаджы фӕзыны ног дзырдтӕ ӕмӕ уый хуыйны дзырдарӕзт.Зӕгъӕм:

Зонд-ӕнӕзонд бӕх-бӕхдон

Кад-ӕгад хох-хохаг

Сӕр-ӕнӕсӕр цӕхӕра-цӕхӕраджын





-Равзарӕм -ма дзырдтӕ дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ.Иу хатт -ма мын зӕгъут,цавӕр дзырды хӕйттӕ нӕм ис уазӕгуаты?

⑨Физминуткӕ(релаксаци музыкӕимӕ)

Кӕмдӕр,бӕрзонд хӕхты хъӕбысы(къухтӕ хӕрдмӕ сивазын) райгуырд рӕсугъд,зӕрдӕхӕлар дидинӕг.Уый кодта диссаджы хӕрздӕф(арф сулӕфын).Хуры тынтӕ йӕ алыварс кафыдысты Нӕртон Симдӕй(ӕрзилын хи алыварс).Сивӕзта дидинӕг йӕ иу сыф(сивазын иу къух),сивӕзта иннӕ сыф(сивазын иннӕ къух) ӕмӕ арвыста хурӕн ӕмӕ ӕппӕт дунейӕн хӕлардзинад ӕмӕ циндзинады салам.Арвитӕм мах дӕр нӕ алыварс адӕмӕн хӕлардзинады салам(къухтыл бафу кӕнын)





⑩Къордтӕй куыст.

1 къорд агурынц номдартӕ,кӕцытӕ арӕзт ӕрцыдысты разӕфтуанты руаджы

2 къорд агурынц номдартӕ,кӕцытӕ арӕзт ӕрцыдысты фӕсӕфтуанты руаджы

3 къорд морфемикон ӕвзӕрст кӕнынц дзырдтӕн

(чиныгдон,хуыйӕг,хъӕбатырдзинад,фыссынад,ӕнӕзонд)

4 къорд схемӕтӕм гӕсгӕ агурынц дзырдтӕ

( )

(ӕмкусӕг,чиныгдон,хӕдзарон,ӕнӕсӕр,ӕнӕниз.дыргъдон,фыссынад, хъӕбатырдзинад,сӕкӕрджын,ӕфсымӕрад,ӕнӕгъдау,хуыйӕг,хордон, ӕнӕзонд)

-Ацы дзырдтӕй 1 ӕмӕ 2 къордтӕ байдзаг кӕндзысты чыргъӕдтӕ.





⑪-Раздӕхӕм фӕстӕмӕ нӕ ныхасы темӕмӕ.

-Фӕйнӕгыл ауыгъд ис стыр зӕрдӕ, ӕмӕ йыл фыст дзырд-мад-,йӕ алыварс та афтид гыццыл зӕрдӕтӕ,уыдон та стут сымах.Байдзаг -ма кӕнӕм мады зӕрдӕ гыццыл зӕрдӕтӕй,иугай дзы фыссын ассоциацитӕ-номдартӕ.

Раздӕхын фӕстӕмӕ урочы нысантӕм,нӕ къухы бафтыдысты ӕви нӕ?





⑫Хӕдзармӕ куыст.

-Сывӕллӕттӕ,хӕдзары бацӕттӕ кӕнын дзырдбыд,сӕйраг дзырдӕн дзы исут -ныййарӕг- ӕмӕ йӕ байдзаг кӕнын хӕларзӕрдӕ дзырдтимӕ.





⑬Рефлекси:

1. Мӕ зӕрдӕйы уаг уыд(настроение)……….хуры тыны хуызӕн/къӕвдайы хуызӕн

2.Нӕ къорд урочы куыста ……….хорз/ӕвзӕр

3.Нӕ къорды куыстӕй ……………….разы дӕн/нӕ дӕн

4.Урочы ӕз ……….бафӕлладтӕн/нӕ бафӕлладтӕн

5.Хӕдзармӕ куыст,мӕнмӕ гӕсгӕ у…………..зын/ӕнцон

</⑭Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.































 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал